филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

05:09 четверг, 25 апреля 2024
13 октября 2020, 12:41
Октябрьскæйæ – Тарскæмæ фæндагыл цæуы дыууæ хиды ахизæны рацарæзт

Национ проект «Æдас æмæ хæрзхъæд автомобилон фæндæгтæ» æххæст кæнгæйæ

Ацы аз национ проект «Æдас æмæ хæрзхъæд автомобилон фæндæгтæ» æххæст кæнгæйæ, Октябрьскæйæ – Тарскæмæ фæндагыл цæуы дыууæ хиды ахизæны рацарæзт. Арæзт æрцыдысты ивгъуыд æнусы 50-йæм азты, æмæ ныр дзуапп нал дæттынц нырыккон домæнтæн. Цалцæггæнæн куыстытæ кæнынц æнæххæстбарджын æхсæнад «Бурстроймонтаж»-ы специалисттæ. Камбилеевкæйы цæугæдоны сæрты хиды дæргъ у 23 метры. Йæ уæрх та фадат ратдзæн дыууæрдæм фæндаг саразынæн. Уымæй дарддæр дзы фæйнæрыдгæй уыдзæн къахвæндæгтæ. Ныртæккæ хидаразджытæ æвæрынц бетонæй бырутæ, æвæрынц хæтæлтæ. Ууылты кæлдзæн уарынты дон. Кæнынц æндæр ахсджиаг хъуыддæгтæ дæр. Сæйрагдæр у фидар хид саразын, цæмæй 50 азæй къаддæр ма фæлæггад кæна, уый тыххæй. Уыцы-иу рæстæг куыстытæ цæуынц хидмæ бацæуæнты дæр. Фæндаггон кусджытæ йæ сраст кодтой. Афтæмæй уыдзæн æдасдæр æмæ æнцон архайд. Иу рдыгæй хидмæ бацæуæн уыдзæн 200 метры, иннæ рдыгæй та 180 метры.

Куыстытæ ма цæуынц 7-æм километры суадоны сæрты хидыл дæр. Ам сæвæрдтой æмраст уæлцъар. Ацы хиды дæргъ у 20 метрæй чысыл фылдæр. Хидты рацарæзтæй дарддæр Октябрьскæйæ Тарскæмæ фæндагыл цалцæг кæнынц дыууæ участочы. Куыстытæ кæнынц æнæххæстбарджын æхсæнад «Ирдорстрой»-йы специалисттæ. Асфальтæй дарддæр дзы æвæрынц фæндаггон нысантæ. Куыстытæ фæуынмæ зæрдиагæй æнхъæлмæ кæсынц Горæтгæрон районы цæрджытæ. Фæндаггон ксуджытæ сын зæрдæ æвæрынц декабрьмæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania