филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

22:37 вторник, 16 апреля 2024
21 ноября 2019, 12:08
Октябрьскæйы райдайдзæн Æппæтуæрæсеон турнир уæгъдибар хъæбысхæстæй

Баст у Европæйы чемпион, æппæтадæмон къласы спорты мастер Тедеты Елхъаны номимæ

Абон Октябрьскæйы райдайдзæн Æппæтуæрæсеон турнир уæгъдибар хъæбысхæстæй. Баст у Европæйы чемпион, æппæтадæмон къласы спорты мастер Тедеты Елхъаны номимæ. Ерысты архайдзысты 300 спортменæй фылдæр. Уыдзысты нæ республикæйы æппæт районтæй, Хуссар Ирыстонæй, Абхазæй, Цæгат Кавказы федералон зылды регионтæй æмæ Азербайджанæй. Уæлахиздзау суæвыныл архайдзысты, 2003-04-æм азты гуырд лæппутæ, стæй 2004-07-æм азты гуырд чызджытæ. Турнирæн ис стыр нысаниуæг, уымæн æмæ йын ис хъæздыг истори. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, Тедеты Елхъан, континенталон турниры сызгъæрин майдантæй дарддæр 5 хатты рамбылдта Уæрæсейы чемпионат, 3 хатты сси Советон Цæдисы хуыздæр тренеры ном хæссыны аккаг. Стæй ма дунейы чемпионаты рамбылдта  æвзист майдан дæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania