филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

03:13 четверг, 25 апреля 2024
24 июля 2019, 17:05
Паддзахадон думæйы депутат Таймазты Артур Æппæтадæмон Олимпаг Комитеты уынаффæ растыл нæ банымадта

Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, комитет фæнд кæны 2012-æм азы Олимпаг Хъæзтыты чемпионы сызгъæрин майдан фæстæмæ райсын.

Паддзахадон думæйы депутат Таймазты Артур Æппæтадæмон Олимпаг Комитеты уынаффæ растыл нæ банымадта.
Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, комитет фæнд кæны 2012-æм азы Олимпаг Хъæзтыты чемпионы сызгъæрин майдан фæстæмæ райсын. Не мзæххон спортсмен куыд загъта, афтæмæй йын 2008-æм азы дисквалификацийы фæстæ, 2012-æм азы Олимпиадæйы допинг-пробæтæ кæй исдзысты, уый йын æнæнхъæлæджы хъуыддаг нæ уыди. Таймазты Артур фидарæй загъта: «Экспертизæты хатдзæг раст нæу. Фыццаджыдæр, æз мæ царды æртæ хатты лæууыдтæн тæккæ бæрзонддæр пъедесталыл. Дыккаджы та – Æппæтдунеон допингты ныхмæ агентады архайд у дызæрдыггаг. Абон дæр, раздæрау, æз æнкъарын спортуарзджыты æххуыс, æмæ уыцы æнкъарæнтæ ницæимæ абарæн ис, стæй мын сæ ничи байсдзæн. Æртæ хатты олимпаг чемпион суæвын уыд мæ бæллиц, æмæ мын сæххæст. Уымæ гæсгæ мæ майдантæ дæр сты мемæ», – загъта Таймазты Артур.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania