филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

14:01 вторник, 16 апреля 2024
22 июля 2020, 11:52
Паддзахадон программæмæ гæсгæ хъæуты бюджетон къабазы куысджытæн араздзысты цæрæнуæттæ

Хъæууон хæдзарады æмæ хойраджы министр Уазиты Хъазыбег куыд загъта, афтæмæй паддзахадон программæмæ гæсгæ социалон æххуырсты цæрæнуæттæй спайда кæныны бон у, хъæуты чи фæллой кæны, уыцы адæмæн

Паддзахадон программæмæ гæсгæ хъæуты бюджетон къабазы куысджытæн араздзысты цæрæнуæттæ. Уый тыххæй ныхас цыд Битарты Вячеславы æмæ районты сæргълæуджытыимæ æмбырды. Хъæууон хæдзарады æмæ хойраджы министр Уазиты Хъазыбег куыд загъта, афтæмæй паддзахадон программæмæ гæсгæ социалон æххуырсты цæрæнуæттæй спайда кæныны бон у, хъæуты чи фæллой кæны, уыцы адæмæн. Уыимæ йæ аргъы 80% фиды паддзахад, 20% та кæмæ кусы, уый. Бюджетон къабæзты куысджытæн та паддзахад фиды цæрæнуаты 70%, 30% та – адæм сæхæдæг. Уыдон сты ахуыргæнджытæ, дохтыртæ, культурæйы хæдзæртты специалисттæ. Программæ царды рауадзынæн фидæны аз федералон бюджетæй радих кæндзысты 400 милуан сомы.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania