филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

00:17 пятница, 26 апреля 2024
06 мая 2020, 16:32
Пандемияйы рæстæг Багаты Элизæ йæ уæгъд рæстæг æрвиты йæ цæхæрадоны цæхæрадоны

Йæ цардæмбал дæр ын тынг æххуыс кæны

Хи изоляцийы фæтк пайдаимæ рвитын. Уыцы хъуыдыйыл хæст у æрыгон чызг Багаты Элизæ. Зæххы куыст бауарзта йæ сабибонтæй фæстæмæ. Ныртæккæ йæ цæхæрадоны вæййы фылдæр рæстæг. Канд халсартæ æмæ дыргътæ дзы нæ зайын кæны, фæлæ ма алыхуызон дидинджытæ дæр.

Сæ афонмæ æнхъæлмæ кæсгæйæ, фæсарæйнаг артишоктæ рæхджы саив кæндзысты Багаты Элизæйы хуымтæ. Цалынмæ æнæхъæн республикæ хи изоляцийы фæтк æххæст кæны, уæдмæ халсартæн та у сæхиуыл фæхæцыны рæстæг. Уæвгæ, уый дыккаг ахæм фæлварæн у Элизæйæн, ома фæсарæйнаг халсартæ Ирыстоны зæххыл æрзайын кæнынæн. Уымæй дарддæр тагъд рæстæджы æрыгон чызджы цæхæрадон саив уыдзæн цъæх, бур æмæ сырх ахорæнтæй. Нырма уал цæуы цæттæгæнæн процесс. Цæхæрадоны хицау йæ уæгъд рæстæг æрвиты пайдаимæ.

Пандемияйы рæстæг, уалдзыгон-быдырон куыстытæ сæ тæмæны куы бацыдысты, уæд æрдзы хъæбысмæ цæуыны æмæ дзы физонджытæ кæныны бæсты, Элизæ уарзы цæхæрадоны кусын. Уæлдай циндзинад ын хæссы, йæ хуымтæ раст рæнхъытæй куы фены, уæд.  Зæххы куыст бауарзста сабибонтæй фæстæмæ. Ныртæккæ йæ цæхæрадоны канд халсартæ æмæ дыргътæ нæ зайын кæны, фæлæ ма алыхуызон дидинджытæ дæр. 

Элизæйы уарзондзинад цæхæрадонмæ се ппæт дæр æнкъарынц. Йæ цардæмбал дæр ын тынг æххуыс кæны. Иумæ снысан кодтой, настæ, хъæдур æмæ кæрдо бæлæстæ кæм зайдзысты, уый. Алæмæты бæстæйы цы Алисæ уыди, уый хыгъд Элизæ бæлвырд зоны, уæгъд рæстæг пайдаимæ куыд æрвитын хъæуы, уый. Сæйрагдæр æй у – дзæгъæл лыстæг хъуыддæгтыл ма хардз кæнын.

Æрыгон фæллойгæнæг чызг йæ цæхæрадоны æнтыстдзинæдты тыххæй радзуры социалон хызты. Йæ къæбицы афæдзы дæргъы вæййынц йæхи къухтæй конд цæхджынтæ, сæ фынгыл та æппынæдзухдæр халсартæ æмæ дыргътæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania