филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

00:41 пятница, 19 апреля 2024
06 декабря 2019, 15:00
Парламенты тымбыл стъолы архайджытæ æрдзырдтой нæ республикæйы такситы кусæнуæттыл

Куыд загътой, афтæмæй, адæмы чи ласы, уыдонæн се 80 % сты закъонхалджытæ

Парламенты тымбыл стъолы архайджытæ æрдзырдтой нæ республикæйы такситы кусæнуæттыл. Куыд загътой, афтæмæй, адæмы чи ласы, уыдонæн се 80 % сты закъонхалджытæ.

Сæрмагонд лицензи компани разæнгардæй нæ исы, уый æмбарын кæныц уымæй, æмæ се фтиаг уæд чысыл кæны. 900 бардæттæг курдиатæй та фæстæмæ раздæхтой се ртыккаг хай. Афтæмæй фæткхалæн шофыртæн уайдзæф дæр нæ бакæндзынæ. Статистикæйы бæрæггæнæнтæм гæсгæ та фæндаддгон фыдбылызтæн се 70% аххосджын вæййынц, æнæзакъонæй адæмы чи ласы, уыцы шофыртæ. Хъыгдард цæуы бюджет дæр. Хъалонисæн инспекцийы бæрæггæнæнтæм гæсгæ, 2018-æм азы ацы къабазы æфтиаг уыд æрмæстдæр 4 милуан сомы. Ацы азы фыццаг æмбисæн та 2 милуаны æмæ 500 мин сомы. Уавæр зындæр кæны уыцы фæтк дæр, æмæ юридикон æмæ хицæн амалхъом адæмы архайд закъонмæ гæсгæ бæрæггонд нæ цæуы ацы азы 1-æм январæй 31-æм декабрьмæ. Афтæ уыд 2017-æм æмæ 2018-æм азты дæр. Фæлæ уавæр хъæуы аивын, загътой республикæйы Парламенты депутаттæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania