филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

16:40 суббота, 20 апреля 2024
19 ноября 2020, 13:06
Поселок Калининскийы фæзынди, рагæй кæмæ æнхъæлмæ кастысты уыцы фистæгæйцæуджытæн фæндаг

Уæлдай ахсджиаг у, скъолайы æмæ рæвдуадæндоны раз кæй ис, уымæ гæсгæ

Мæздæджы районы поселок Калининскийы фæзынди, рагæй кæмæ æнхъæлмæ кастысты уыцы фистæгæйцæуджытæн фæндаг. Поселочы цæрджытæ ацы цаумæ æнхъæлмæ кастысты цалдæр азы. Уæлдай ахсджиаг у, скъолайы æмæ рæвдуадæндоны раз кæй ис, уымæ гæсгæ. Ныййарджытæ сæхæдæг дæр алы бон фæцæуынц ацы трассæйы уылты. Цалæр азы размæ ам æрцыди цалдæр фæндаггон фыдбылызы. Фарста алыг кæнын поселочы цæрджытæн баххуыс кодтой пъæлицæйæгтæ. Учатоктыл кусæг æххæстбарджын пъæлицæйæгтæ æмæ фæндæгтыл æдасæй цæуыны паддзахадон инспекцийы кусджытæ курдиат арвыстой Цæгат Ирыстоны фæндæгты хæдзарады комитетмæ. Бынатмæ æрбацыдысты специалисттæ, уавæрæн аргъ скæнгæйæ рахастой уынаффæ – фистæгæйцæуджытæн фæндаг ацы ран хъæуы æнæмæнг. Æвæстиатæй фæндаггон кусджытæ райдыдтой сæ архайд, æмæ ныр Калининскийы поселочы цæрджытæ цин кæнынц, сæ фарста лыггонд кæй æрцыд, уымæй.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania