филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

21:50 пятница, 19 апреля 2024
08 августа 2019, 12:30
Приэльрусьейы 8-æм хатт арæзт æрцыд æппæтадæмон турнир хæххон дугъæй

Ерысты алыхуызон дисциплинæты архайдтой 850 спортсмены 9 бæстæйæ. Хъуыди сæ 5 хæххон цъуппы сæрты ахизын.

Приэльрусьейы 8-æм хатт арæзт æрцыд æппæтадæмон турнир хæххон дугъæй.

Ерысты алыхуызон дисциплинæты архайдтой 850 спортсмены 9 бæстæйæ. Хъуыди сæ 5 хæххон цъуппы сæрты ахизын. Сæ бæрзæнд у 3 мины æмæ 600 метрæй фылдæр. Уæлахиздзау сси 61-аздзыд Гаджиты Автандил. Уый йæхи кары категорийы фыццаг сси, æмæ 9 сахатмæ ахызт 46 километры сæрты. Турниры ма архайдтой ноджыдæр æртæ спортсмены Цæгат Ирыстонæй. Уыдон уыдысты: 47-аздзыд Хъазиты Эльбрус æмæ Абысалты Анатолий. Уыдон архайдтой къæйттæй разряды æппæты даргъдæр дистанцийы 109 километры. Дугъы уадысты 25 сахаты дæргъы, æмæ бацахстой 3-аг бынат. Ерыстæ саразджытæ равзæрстой зын фæндаг. Уæвгæ та трейраннингæй ерыстæ аразæн ис хохы, быдыры æмæ хъæды.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania