филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

00:10 пятница, 19 апреля 2024
11 июня 2019, 17:15
Рахизфарсы районы дæрддзæфдæр хъæутæй иу – Раздзоджы уавæр фæхуыздæр кæныны тыххæй арæзт æрцыд мæгуырдзинадимæ тохы программæ

Уый æххæст кæнгæйæ, хуыздæр кæндзысты бынæттон цæрджыты уавæртæ. Уымæн æмæ ныртæккæ куысты бынæттæ ис æрмæстдæр 30 процентæн.

Рахизфарсы районы дæрддзæфдæр хъæутæй иу – Раздзоджы уавæр фæхуыздæр кæныны тыххæй арæзт æрцыд мæгуырдзинадимæ тохы программæ. Уый æххæст кæнгæйæ, хуыздæр кæндзысты бынæттон цæрджыты уавæртæ. Уымæн æмæ ныртæккæ куысты бынæттæ ис æрмæстдæр 30 процентæн. Программæ ма гæсгæ уал сцалцæг кодтой Раздзогмæ цæуæг фæндаг. Хæстæгдæр рæстæг та нысан кæнынц ног амбулатори аразын райдайын.

Кулдуар зæронд фæйнæджытæй арæзт, быру дæр æмбæлгæ уагыл не схондзынæ. Хуымæтæг хæдзар, аслам æрмæгæй арæзт. Йæ хицæуттæ сты фæкæсынхъуаг бинонтæ.

Къораты Мзияйæн ис цардæмбал æмæ фырт. Куыд зæгъы, афтæмæй сæ дыууæйæн дæр куыст нæй. Æндæр гæнæн сын нæ вæййы, æмæ къæбæр бакусыны тыххæй ацæуынц кæнæ Беслæнмæ, кæнæ та сыхаг хъæутæм. Мзия йæхæдæг дæр у æгуыст.

Уæвгæ, Раздзоджы зæронд æмæ кæлæддзаг хæдзæрттæ бирæ ис. Цы машинæтæыл сæмбæлдзынæ хъæуы уынгты, уыдон дæр ногтæ не схондзынæ. Ахæм уавæр хуымæтæджы нæ сæвзæрд. Хъæуы цæрджытæн куыст нæй. Уымæ гæсгæ сæ царды æмвæзад дæр ныллæг.

Бынæттон совхоз нал кусы ныр 20 азы онг. Уый та у, Раздзог цæмæй царди, ахæм куыстуат. Ныртæккæ адæмæн æндæр гæнæн нæй, æмæ куыстагур ацæуынц Беслæнмæ æмæ æндæр сыхаг хъæутæм. Раздзог у Рахизфарсы районы æппæтæй дæрддзæфдæр хъæу. Цæрджытæн се фтиаджы фылдæр хай ацæуы фæндаггагыл. Иуæй-иутæ дарынц хæдзарон фос, фæлæ бирæтæн уый дæр сæ бон нæу.

Хъæуы уавæр разамындæн хорз зонгæ у. Республикæйы экономикон рæзты министрады специалисттæ ма суанг хæдзæрттыл дæр æрзылдысты, уавæр бæстондæр базоныны тыххæй. Ныртæккæ сæрмагондæй Раздзогæн арæзт цæуы бæлвырд программæ, мæгуырдзинадимæ тох кæныны тыххæй. Уырдæм бахæсдзысты бынæттон цæрджыты хъуыдытæ дæр.

Хъæуы хицау куыд радзырдта, афтæмæй цæрджытæй куыст ис æрмæстдæр се 30 процентæн. Се хсæн – бынæттон администрацийы, скъолайы, рæвдауæндоны æмæ амбулаторийы кусджытæ. Хъазты фермæ арæзт у шиферæй æмæ фæйнæджытæй. Ног арæзтадон æрмæджытыл Габоты Тамерлан хъуыды дæр нæ кодта. Уымæн æмæ уыдоныл æхца нæ уыд. Куыст ын бæргæ ис, фæлæ йæ бинонтæ дарынæн фаг нæу. Ис ын 4 сывæллоны.

Хъæуы социалон-экономикон рæзтыл куыст ныридæгæн райдыдта. Сцалцæг уал кодтой Раздзогмæ цæуæг фæндаг. Хæстæгдæр рæстæг та нысан кæнынц ног амбулатори аразын райдайын.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania