филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

05:07 суббота, 20 апреля 2024
17 сентября 2020, 14:40
Рахизфарсы районы кæронмæ фæхæццæ кæны хъæрмаутты комплекстæ аразыны программæйы фæстаг къæпхæн

Грантты æххуысы фæрцы 8 фермеры сцæттæ кодтой сæ хæдзарæдтæ

Рахизфарсы районы кæронмæ фæхæццæ кæны хъæрмаутты комплекстæ аразыны программæйы фæстаг къæпхæн. Грантты æххуысы фæрцы 8 фермеры сцæттæ кодтой сæ хæдзарæдтæ. Цалдæр дзы ныридæгæн райдыдтой æфтиаг хæссын. Сæйраг домæн, программæйы архайын, хъæрмуат саразын, æмæ дзы æфтиаг исын. Ацы хъуыддагмæ Рахизфарсы районы цæрджытæ куыд арæхсынц.

Сæрмагонд кусæнæрмæгимæ голджытæ, раст рæнхъытæ, æмæ куыстуарзаг адæм. Алцыдæр куыд хъуамæ уа, афтæ. Хуымæллæджы фермерон хæдзарады разамонæджытæ ацы къабазы ног адæм не сты.  Ам ныридæгæн активонæй парахат кæны æрыскъæф дæр. Халсартæ зайын кæныны хъуыддаг домы бæлвырд æмæ фæлтæрддзинад. Уымæ гæсгæ, арæх фæкæнынц эксперименттæ дæр, фæлæ уæддæр, фермерты уырны, тыллæг бæркадджын кæй уыдзæни, уый.

Пъæмидортæ æмбырд кæнын уыдзæни октябры. Уæдмæ уал сæ уæзыл бафтдзæни, æмæ райсдзысты ирд сырх хуыз.

Зилгæйы хъæрмуаты тыллæг æмбырд кæныны куыстытæ сты сæ тæмæны. Джитъритæ сцæттæ вæййынц раздæр. Ацы хъæрмуаты сæ бæркад æмбырд кæнынц дыккаг къуыри. Тыллæг у хъæздыг. Нырма уал хуымтæ сты хуры хъарм тынты бынмæ, фæлæ куы фæуазал уа, уæд хъæмуат бамбæрздзытсы, цæмæй дзы зымæджы дæр пайда кæнæн уа, уый тыххæй. Джитъриты куыст чи кæны, уыцы фермермæ ис стыр фæлтæрддзинад. Дыгъуызты Зураб агрономæй фæкуыста бирæ азты. Стыр цæхæрадонмæ кæсынмæ йæм ис бирæ сусæгдзинæдтæ. Зураб куыд зæгъы, афтæмæй йын тынгæхсызгон у, грантты æххуысы фæрцы, йæ зонындзинæдтæй практикæйыл кæй пайда кæны, уый.

Дыууæ фермеры дæр хъæрматты хицæуттæ систы паддзахадон программæ «Хъæууон хæдзарады рæзт» сын цы æхцайы фæрæзтæ радих кодта, уыдоны фæрцы. Программæйы иу хай баст у хъæрмуатты комплексы арæзтадимæ. Ахæм объект саразынæн гыццыл фæрæзтæ нæ хъæуы. Кæй зæгъын æй хъæуы, грантты æхцатæй хæрдзтæ иууылдæр нæй сæхгæнæн. Хардзгонд цæуынц фæермерты фæрæзтæ дæр. Фæлæ æххуыс бацагурын кæдфæндыдæр сæ бон у, районы хъæууон хæдзарады управленийы эксперттæй.

Дыууæ хæдзарады дæр нырма ис цыдæр къуылымпыдзинæдтæ, бæлвырддæр та – газ æмæ эоектрон коммуникацитæ бауадзыны фарстаты. Ацы хъуыддаджы дæр сын баххуыс кæндзæн районы разамынд, цæмæй зымæджы дæр сæ куыст ма баурома, уый тыххæй.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania