филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

20:36 четверг, 25 апреля 2024
24 августа 2020, 12:27
Рахизфарсы районы рынчындоны дохтыртæ дарддæр дзæбæх кæнынц коронавирусæй рынчын пациентты

Ног куысты фæткыл æвæстиатæй сахуыр сты, æмæ ныр афæдзы рдæджы онг сæ цард цæуы сæ куысты бынаты

Рахизфарсы районы рынчындоны дохтыртæ дарддæр дзæбæх кæнынц коронавирусæй рынчын пациентты. Ног куысты фæткыл æвæстиатæй сахуыр сты, æмæ ныр афæдзы рдæджы онг сæ цард цæуы сæ куысты бынаты. Иу сæ кæны сæйраг нысан – адæмы ирвæзын кæнын. Куыд сын æнтысы, уый тыххæй радзурдзæн Джыбызты Зæринæ.

Райсомæй дæс минуты æмбырд, æмæ дарддæр сæ хæстæ æххæст кæнынмæ. Рахизфарсы районы арæндоны коллективы ис акушертæ-гинекологтæ, неонатологтæ, анестезиологтæ æмæ кæстæр медицинон персонал. Æдæппæтæй цыппор адæймаджы. Пандемияйы аххосæй рынчындон рахызт ног фæткмæ. Адæм æрбаласынц, коронавирусæй тæссаг кæмæн у, ахæм æнхъæлцау сылгоймæгты. Бакæнынц сæ хицæн боксты, æмæ сын фæкæнынц иртæстытæ.

Дарддæр пациентæн скодтой сатураци, æмæ йæ бæрæггæнæнтæ сты, куыд æмбæлы, афтæ. Фæлæ уæддæр сылгоймагмæ цæудзæн бæстон цæстдард. Гозойты Аланæ йæхæдæг у медик. Куыд зæгъы, афтæмæй уавæр æмбары, стæй йын йæхицæн дæр ам æнцондæр у. Дохтыртæ йæм кæсынц, æмæ йæ цæттæ кæнынц операцимæ.

Хайады фæлтæрдджындæр дохтыртæй иу у Фидараты Ритæ. Куыд радзырдта, афтæмæй коронавирусы инфекци парахат кæнын куы райдыдта, уæд йæ хъуыдыйы дæр нæ уыди, рынчыны гæххæтт райсын. Уый хыгъд дысфæлдæхтæй райдыдта ног уавæрты кусын.

Фарстатæ нæ сæвзæрд иннæ кусджытæм дæр. Ныры онг кусынц «сырх зонæйы». Бирæтæ рынчындоны баззайынц куысты фæстæ дæр. Цæмæй сæ бинонтæм тæссаг инфекци ма бахæццæ кæной, уый тыххæй. Ис ахæмтæ дæр, æмæ йæ хиуæтты бирæ рæстæг чи нæ федта. Зæгъæм, Козаты Ангелинæ.

Æхсызгон уый у, æмæ ныртæккæ рынчынты нæмæц кæй фæкъаддæр. Хайады ис цыппор бынаты, фæлæ дзы ныртæккæ ис æрмæстдæр фараст пациенты.

Ноггуырдты кæм дарынц, уыцы сæрмагонд блокы ныртæккæ ничи ис. Кæд æмæ дзы æппæт уавæртæ дæр ис, уæддæр. Уæдæ реанимацион кусæнгæрзтæй дæр  цух не ййафынц.

Ахæм дохтыртæн фиддзысты сæрмагонд федералон фæрæзтæ. Фæлæ сын уый сæйрагдæр нæу, зæгъынц медиктæ. Фыццаджыдæр кусынц адæмы ирвæзын кæныныл æмæ дохтыры кад бæрзонддæр кæныныл.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania