филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

18:57 пятница, 29 марта 2024
06 декабря 2019, 15:25
Райсом Дзæуджыхъæуы райдайдзæн хъæбысхæстæй æппæтадæмон турнир «Алантæ»

Арæзт цæуы æртыккаг хатт. Æдæппæтæй турниры архайдзæн 25 бæстæйы минæвары

Райсом Дзæуджыхъæуы райдайдзæн хъæбысхæстæй æппæтадæмон турнир «Алантæ». Арæзт цæуы æртыккаг хатт. Æдæппæтæй турниры архайдзæн 25 бæстæйы минæвары. Спорты министрад куыд хъусын кæны, афтæмæй алы уæзы категорийы призы фонд у дæс мин доллæры.

Турнирмæ куыд цæттæ кæнынц, уый тыххæй радзурдзæн Томайты Батраз.

Уæгъдибар хъæбысхæсты æппæтдунеон турнир «Аланты» райдианмæ баззади иу бон. Ерысты хæцдзысты спортсментæ 25 бæстæйæ: Уæрæсейæ, Америкæйы Иугонд Штаттæй, Иранæй, Туркæй æмæ æндæртæй. Хæдарцаты Асланы номыл галуаны цæттæ кодтой Уæрæсе æмæ Америкæйы Штаттæ. Мах командæ журналисттæм нæ рацыд – сайраг тренер Гозымты Хетæг сæ хъыгдарын нæ бауагъта. Йæ экспертон хъуыды та нын радзырдта Спортивон хъæбысхæсты Федерацийы вице-президент Фадзайты Арсен.

Америкæйы Иугонд Штаттæ Цæгат Ирыстонмæ æрластой сæ раздзоджы, дунейы тыхджындæр богал – Кайл Снайдеры. Фæстаг Олимпаг хъæзтыты чемпионы зæрдæмæ Ирыстон тынг цæуы, кæм цæры уыцы бынат дæр.

9-æм декабры дунеон спорт æнхъæлмæ кæсы, Уæрæсейы допинджы тыххæй хъуыддаджы кæронмæ. Америкæйы Иугонд Штатты сæйраг тренер Билл Задик уый фæдыл загъта йæ хъуыдыдтæ.

Америкæйы командæйы сæйраг менеджер дæр разы у йе мкусæгимæ.

Спорты Галуан «Манежы» куыд цæттæ кæнынц, уый тыххæй нын радзырдта республикæйы физкультурæйы æмæ спорты министр Хуыгаты Алан.

Фæлæ, хъыгагæн, бирæтæн сæхи цæстытай на рауайдзан турнир фенын, загъта министр.

Уæрæсейы иугонд командæйы капитан уыдзæн Олимпаг хъæзтыты чемпион Рамонаты Сослан. Йемæ уыдзысты Уалыты Владислав, Гогаты Алан æмæ иннæтæ. Æппæт цæттæгæнæн куыстытæ кæронмæ фесты, рухсытæ сæвæрдтой, бадæн бынæттæ рбаластой. Кæройнаг быннæтæй зындзæни алцыдæр. «Манежы» ма æвæрд æрцыди стыр экран. Комкоммæ трансляци цæудзæни интернеты æмæ телеуынынады. Зæгъæн ис, æмæ спорты галуан цæттæ у республикæйы сæйраг спортивон хъуыддаг рæсугъдæй арвитынмæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania