филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

19:19 четверг, 18 апреля 2024
23 сентября 2020, 14:59
Рацæрæзты фæстæ кадджын уавæры байгом Дзæджыхъæуы дины æмæ рухстауынады центр

Комплексы иумæйаг фæзуат у дыууæ мин квадратон метры

Дзæджыхъæуы рацæрæзты фæстæ кадджын уавæры байгом нудæсæм æнусы арæзт бæстыхай – Дзæджыхъæуы дины æмæ рухстауынады центр. Комплексы иумæйаг фæзуат у дыууæ мин квадратон метры. Ис дзы сыгъдæг къниаз Владимиры аргъуан, Дзуарттæ фтауыны аргъауæн, епархиалон разамынд, дины скъола, хуыйæн æрмадз.  Рацарæзт райдыдта æхсæз азы размæ. Йæ фæрцы баивтой бæстыхайы цар, дуæрттæ, рудзгуытæ, асинтæ. Архитектортæ бацархайдой бæстыхайы историон бакаст бахъахъхъæныныл. Аргъуан байгом кæныны мадзалы архайдтой репсубликæйы сæргълæууæг Битарты Вячеслав, Дзæуджыхъæуы æмæ алайнаг архиепископ Леонид, Мæскуыйаг Патриархийы минæвæрттæ æмæ æндæр бæрнон адæм.

Уазджыты хъуыдымæ гæсгæ, ног объект суыдзæнис нæ горæты рæсугъддæр бынæттæй иу.

Задалесчы Нанайы сгуыхтдзинад, Сыгъдг уæлахиздзау Георгийы диссæгтæ, апостол  Андрей Первозванныйы фембæлд алантимæ — ацы историон цаутæ æвдыст æрцыдысты Сыгъдæг Владимиры аргъуаны къултыл.  Дзæнгæрджыты зæллангмæ дины кусджыты рагон резиденци йæ дуæрттæ бакодта сæдæ азы фæстæ. Ныртæккæ ам уыдзæнис культрурон-рухстауæн центр.

Ацы къултæ сты æвдисæн алы замантæн. Нудæсæм æнусы ацы бæстыхайы уыдис Дзæуджыхъæуы æмæ Мæздæджы еписком Иосифы резиденци. 1922 азы аргъуаны исбонад радтой муниципалитеты бæрны. Къорд азты дæргъы ам уыдис æфсæддон госпитæл. Авд азы размæ та бæстыхай фæстæмæ радтой аргъуаны исбонадмæ. Уыцы иу рæстæг райдыдта йæ рацарæзт дæр.

Цалдæр рацарæзты фæстæ бæстыхайы арæзт аивта. Революцийы фæстæ ныппырх кодтой аргъуаны къулты фæлыст, йæ цар æмæ кувæн бынат. Рацарæзты фæрцы бацархайдтой сæ ногæй саразын æмæ сæ саив кодтой алайнаг орнаментæй.

Бæстыхайы историон фæлгонцыл куыстой нæ бæстæйы раззагдæр специалисттæ. Æртындæс дзæнгæрæджы сыгъдæг зæдты нывтимæ, стæй ирон æмæ уырыссаг фыстытимæ иттæг хорз сфидыдтой сæ ног бынаты. Рацарæзты рæстæг дзæнгæрджыты бынат сарæзтой ногæй. Ноджы ма бæстыхайы фæзындис Аланийыл саргъауыны историон музей.

Комплексы иумæйаг фæзуат у дыууæ мин квадратон метры. Ис дзы сыгъдæг къниаз Владимиры аргъуан, аргъауæн, епархиалон разамынд, дины скъола, хуыйæн æрмадз. Культрурон-рухстауæн центр суыдзæнис Аланийы саргъауыны мин сæдæ азы кадæн мадзæлттæ кæм сараздзысты, уыцы бынæттæй иу.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania