Фыццаг къæпхæн арæзт уыд дардмæйы фæлгæты
Разамонджыты ног фæлтæры хсæн арæзт конкурс «Лидеры России» хатдзæгтæм гæсгæ не мзæххонтæ Джиоты Максим æмæ Перысаты Азæмæт рацыдысты æрдæгфиналмæ. Фыццаг къæпхæн арæзт уыд дардмæйы фæлгæты. Уым архайдтой 3 мин адæймагмæ хæстæг. Уыдонæй 18 сты Цæгат Ирыстонæй. Максим æмæ Азæмæты хъуыдымæ гæсгæ æрдæгфиналмæ кæй рацыдысты, уый хорз бæрæггæнæн у. Сæ разамынды миниуджытæ равдыстой 8-æм æмæ 9-æм февралы. Программæмæ хаст æрцыдысты дæсныйадæвдисæг ахуыртæ æмæ алыхуызон бæрнон хъæзтытæ. Къæпхæн цæудзæн Сочийы. Конкурс арæзт цæуы Уæрæсейы президенты хæсмæ гæсгæ, царды та йæ рауагъта æнæкоммерцион организаци «Россия – страна возможностей». Æмтгæй райсгæйæ, æппæт Уæрæсейы регионтæй курдиæттæ балæвæрдтой 230 мин адæмагæй фылдæр. Финалы та ма Цæгат Ирыстонæй хуыздæр разамонæджы ном райсыныл тох кæндзæн физикон-технологон факультеты декан Инга Тваури.