филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

01:00 пятница, 29 марта 2024
30 января 2020, 17:10
Республикæйы фыдракæндты нымæц æргом кæныны хъуыддаг фарон фылдæр уыди æппæтуæрæсеон бæрæггæнæнтæй

Уый тыххæй журналисттимæ фембæлды фехъусын кодта Цæгат Ирыстоны мидхъуыддæгты министр Михаил Скоков

Республикæйы фыдракæндты нымæц æргом кæныны хъуыддаг фарон фылдæр уыди æппæтуæрæсеон бæрæггæнæнтæй. Уый тыххæй журналисттимæ фембæлды фехъусын кодта Цæгат Ирыстоны мидхъуыддæгты министр Михаил Скоков. Ивгъуыд азы куысты хатдзæгтæ хынцгæйæ, фæбæрæг кодта, барад хъахъхъæныны закъон ахадгæйæ æххæстгонд кæй цæуы, уый. 8 % фæкъаддæр сты адæймаджы ныхмæ фыдракæндты нымæц, 24% та æнæниздзинадæн зиан хæссæг фыдракæндтæ. Дæвдтытæ раргом кæныны фарста та æппæтуæрæсеон æмвæзадæй у фылдæр. Стыр куыст цæуы фæндаггон змæлды æдасдзинады къабазы. Ацы хъуыддаджы фылдæр æргом здæхт цæуы нозтджын шофыртимæ тохмæ. Æрвылбон дæр рæстæмбис нымадæй инспектортæ бауромынц 17 нозтджын шофыры.

Фембæлды ма ныхас цыди экстремизмимæ тохыл, стæй бинонты хсæн ныхмæлæуддзинæдтыл. Журналистты ма базонын фæндыди, æхсæнадон бынæтты æмæ машинæты фæндæгтыл видеоцæстдарды уавæр куыд у, уый дæр. Министр загъта, республикæйы разамындимæ сын æнгом æмгуыстад кæй ис, уый, цæмæй горæты камерæты нымæц кæна фылдæр. Уымæн æмæ уый фæрцы, арæх рабæрæг кæнæн вæййы фыдракæндтæ. Горæты хицаудзинадимæ агурынц мадзæлттæ, центрон уынгты машинæтæ ма æмбырд кæныны тыххæй. Михаил Скоков ма æрныхас кодта, Стыр Уæлахизы 75 азы бонмæ цæттæ кæныны хъуыддæгтыл. Мидхъуыддæгты министрад нысан кæны бирæ мадзæлттæ. Сæйрагдæр – Барбашовы фæзы мемориалон комплексы ног инсталляцитæ сæвæрын.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania