Цæдисы уæнгтæ ма фæнысан кодтой сæ архайды сын тынг æххуыс кæй сты ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнджытæ
Республикæйы фысджыты Цæдисы хатдзæгтæ скодтой 2020-æм азы куыстæй æмæ снысан кодтой ног фæтк. Ивгъуыд аз нæ республикæмæ ссыд Уæрæсейы фысджыты Цæдисы сæрдар Николай Иванов, йæ архайдимæ арæзт æрцыд тымбыл стъол. Рухс федта Бежаты Фаризæйы чиныг «Светочь Осетии». Фыссы дзы Хуссар Ирыстоны фысджыты Цæдис Хъазиты Мелитоны тыххæй. Ацы аз та хъуамæ стыр куыст цæуа рæзгæ фæлтæримæ. Фысджыты Цæдис фæнд кæны ирон æвзаджы чингуыты уавæр фæхуыздæр кæнын, стæй æрыгон фысджытæн саразын семинар. Æргом ма аздæхтой, театры кæй нæ фаг кæны ирон æвзагыл чи фысса, ахæм драматургтæ. Цæдисы уæнгтæ ма фæнысан кодтой сæ архайды сын тынг æххуыс кæй сты ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнджытæ æмæ амалхъом адæм.