11 декабря 2019, 18:08
Республикæйы онкологон диспансеры сæйраг дохтыр Бесаты Аслæнбеджы æрцахстой, милуан æмæ 500 мин сомы гæртам исгæйæ
Афтæмæй медицинон куыстуаты разамонæджы баурæдтой, хостæй сæ чи ифтонг кæны, уымæй æхца куыд иста, афтæмæй
Республикæйы онкологон диспансеры сæйраг дохтыр Бесаты Аслæнбеджы æрцахстой, милуан æмæ 500 мин сомы гæртам исгæйæ. Цæгат Кавказы федералон зылды мидхъуыддæгты министрады пресс-службæ куыд хъусын кæны, афтæмæй медицинон куыстуаты разамонæджы баурæдтой, хостæй сæ чи ифтонг кæны, уымæй æхца куыд иста, афтæмæй. Бесаты Аслæнбег онкодиспансеры сæйраг дохтырæй нысангонд æрцыди 2016-æм азы кæрон. Уæлдæр квалификацийы дохтыр 10 азы разамынд лæвæрдта республикон клиникон рынчындоны хирургион хайадæн. Республиæйы зындгонд хирург 2010-æм азы бындур сæвæрдта медицинæйæн æххуысы фонд «Призвание»-йæн.
темæмæ гæсгæ