филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

16:25 суббота, 20 апреля 2024
19 января 2021, 13:02
Республикæйы парахат кæнын райдыдта, æппæт дунейы нæлгоймæгты хсæн уарзондæр спорты хуыз – регби

Зæгъæн ис, æмæ фыццаг хатт Цæгат Ирыстоны арæзт æрцыдысты æмбæлгæ уавæртæ тренировкæтæн

Нæ республикæйы парахат кæнын райдыдта, æппæт дунейы нæлгоймæгты хсæн уарзондæр спорты хуыз – регби. Зæгъæн ис, æмæ фыццаг хатт Цæгат Ирыстоны арæзт æрцыдысты æмбæлгæ уавæртæ тренировкæтæн. Ацы секцийы лæппутæм гуырын кæнынц хъару æмæ сæрæндзинад. Ныридæгæн ацы спорты хуызы йæхи иттæг хорз равдыста æмæ йæ ном айхъуысын кодта не мзæххон Дзобелаты Хетæг.

Иуæндæс азы фæстæ дæр йæ бынаты. Фæлæ ныр Дзобелаты Хетæг райдайгæ регбист нæу, фæлæ цæттæ профессионал. Тренировкæты рæстæг куыд загъта, афтæмæй фыццаг хатт куы æрбацыди секцимæ, уæд æм сæвзæрд алыхуызон хъуыдытæ.

15 аздзыд лæппу ацыди Краснодары краймæ, уым æрлæууыди ахуыры фæндагыл, касти олимпаг резервы училищæйы. Йæ цæттæдзинадыл кусгæйæ схызти бæрзонд æмвæзадмæ. Йæхи базонын кодта Краснодары «Кубань»-ы премьер-лигæйы дæр. Уым ыл цæст æрæвæрдтой Уæрæсейы иугонд командæйы разымынд.

Национ командæйы сæйраг тренер англисы минæвар Лин Джонс куыд зæгъы, афтæмæй Хетæгыл æвæрынц стыр ныфсытæ, уымæн æмæ у тынг курдиатджын спортсмен.

Дзобелаты Хетæгæн йе спортивон фæндаг райдыдта бынæттон регби-клуб «Сæрмæтты». 10 азы размæ дæр ма дзы лæппутæн фадæттæ нæ уыди. Куыд фæстæмæ тренировкæтæ баурæдтой. Ныр спорты ацы хуыз райрæзын кæнынæн уавæртæ æмæ фадæттæ аивтой, зæгъы республикæйы иугонд командæйы сæйраг тренер Цæрионты Станислав.

Хæстæгдæр рæстæг Цæгат Ирыстоны регбийы секцийы фæзындзæн ног спортсментæ. Уыцы рæстæг та Хетæг цæуы Сочийы æмбырдтæм. Разæй йæм æнхъæлмæ кæсы Европæйы Кубок. Нæ зæрдæ йын зæгъы стыр æнтыстдзинæдтæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania