филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

14:00 пятница, 29 марта 2024
19 января 2021, 12:58
Республикæйы райдыдта уалдызгон-быдырон куыстытæм цæттæгæнæн куыст

Сæйрагдæр цы хъуыддæгтæм аздахдзысты ргом, уый уыдзæн мелиораци

Нæ республикæйы райдыдта уалдызгон-быдырон куыстытæм цæттæгæнæн куыст. Уый тыххæй журналисттимæ фембæлды рæстæг фехъусын кодта хъæууон хæдзарады æмæ хойраджы министры хæдивæг Мæрзойты Хъазыбег. Сæйрагдæр цы хъуыддæгтæм аздахдзысты ргом, уый уыдзæн мелиораци. Ныртæккæйы онг Мæздæджы районы 4 хæдзарады бацæттæ кодтой проектон-сметон документаци, цæмæй донхорыггæнæн хызтæ ауадзой, уый тыххæй. Æппæт æмбæлгæ гæххæттытæ уал арвыстой Уæрæсейы хъæууон хæдзарады министрадмæ. Зæххыты фæзуат уыдзæн 3 мин гектарæй фылдæр. Уымæй дарддæр ма Мæрзойты Хъазыбег бафиппайдта – 3 азы фæдфæдыл нæ республикæ кæй бацахсы фыццаг бынат Цæгат Кавказы федералон зылды тыллæг æмбырд кæныны хъуыддаджы. 

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania