филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

13:42 пятница, 19 апреля 2024
02 июля 2019, 12:37
Республикæйы разамынд цæттæ у бизнесæн цыфæнды æххуыс кæнынмæ

Сæйрагдæр у бынæттон товараразджытимæ æмгуыстады ахастдзинæдтæ банывыл кæнынмæ

Республикæйы разамынд цæттæ у бизнесæн цыфæнды æххуыс кæнынмæ. Сæйрагдæр у бынæттон товараразджытимæ æмгуыстады ахастдзинæдтæ банывыл кæнынмæ. Ома регионалон æмæ федералон базарадон хызтимæ. Ууыл ныхас цыд сæрмагонд æмбырды. Амыдта йæ хицауады сæрдары фыццаг хæдивæг Сæбæтхъуаты Æхсарбег. Бæстон ныхасы архайдтой нæ республикæйы æмæ Уæрæсейы базарадон хызты минæвæрттæ. Республикæйы экономикон рæзты министрады бæрæггæнæн куысты хатдзæгтæм гæсгæ бынæттон куыстуæтты продукци парахатæй ис регионалон дуканиты. Уыимæ æргътæ дæр сты алыхуызон, уымæ гæсгæ бæрæг у ерысхъомдзинад. Хуыздæрхъуаг уавæр у федералон æмвæзадыл. Ома цæгатирыстойнаг товартæ федералон базарадон центрты бирæ не сты. Амалхъом адæмы бартæ хъахъхъæнæг Медойты Тимур куыд загъта, афтæмæй раздæр Дзæуджыхъæуы базарадон центрты фенæн уыд сæрмагонд тæрхæг «Конд у Аланийы», зæгъгæ. Ахæм стендтæ хъæуы фылдæр аразын. Æмбырды архайджытæ загътой, бынæттон товараразджытимæ хъæуы æнгомдæр кусын, фæлæ сæм ис фиппаинæгтæ. Æмæ сæ, æнæмæнг, хъæуы хынцын, æмæ сыл иумæйагæй кусын.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania