филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

02:23 среда, 24 апреля 2024
31 августа 2020, 11:52
Республикæйы рынчындæтты æмæ поликлиникæты архайдыл ныхас цыд Оперативон штабы радон æмбырды

Амыдта йæ Битарты Вячеслав

Республикæйы рынчындæтты æмæ поликлиникæты архайдыл ныхас цыд Оперативон штабы радон æмбырды. Амыдта йæ Битарты Вячеслав. Видеоконференцийы хуызы дзы архайдтой медицинон организациты разамонджытæ. Уыдон радзырдтой дзæбæхгæнæн-профилактикон мадзæлтты тыххæй. Медицинон кусджытæ æххæст сты хи хъахъхъæнæн фæрæзтæй. Уæдæ рынчынтæ дæр афтæ. Ныртæккæ ахсджиаг у дарддæр санитарон домæнтæ æххæст кæнын, загъта Битарты Вячеслав. Уымæ гæсгæ дзæбæхгæнæн-профилактикон куыстуæтты разамонджытæн бабар кодта сфидар кæнын медицинон кусæнгæрзты инвентаризацийы карздæр процесс скæнын. Иннæ ахсджиаг фарста – хостæ æлхæныны æмæ сæ хыгъды æвæрыны хъуыддаг. Сæйраг дохтыртæ хъуамæ сæхæдæг кæсой куыстытæм. Уыимæ æппынæдзухдæр кæсын хъæуы ифтонггæрзты техникон уавæрмæ, цæмæй сæ фылдæр пайдагæнæн уа, уый тыххæй. Республикæйы разамонæг ма æнæниздзинадхъахъхъæнынады Министрады раз сæвæрдта хæс, Цæгат Ирыстоны дæрддзæф хъæуты цæрджытæн хæрзхъæд стоматологон лæггæдтæ кæнын.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania