филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

14:01 пятница, 29 марта 2024
06 мая 2013, 17:17
Ростовы, Волгограды, Краснодары, Астраханы, Стъараполы æмæ Дзæуджыхъæуы цæрæг Фыдыбæстæйы Стыр хæсты архайджытæн уыд, кæрæдзиимæ комкоммæ видеобастдзинады фæрцы аныхас кæныны

Хъæбатыр горæтты ветерантæ кæрæдзийæн раарфæ кодтой Уæлахизы боны фæдыл, æрымысыдысты уæззау хæстон цаутæ. Фыццаг бастдзинад уыд Волгоградимæ, уый фæстæ дзæуджыхъæуыккæгтæ радзырдтой, Фыдыбæстæйы хæсты Цæгат Ирыстон цы бынат ахста, уый тыххæй.

Абон Ростовы, Волгограды, Краснодары, Астраханы, Стъараполы æмæ Дзæуджыхъæуы цæрæг Фыдыбæстæйы Стыр хæсты архайджытæн уыд, кæрæдзиимæ комкоммæ видеобастдзинады фæрцы аныхас кæныны фадат. Хъæбатыр горæтты ветерантæ кæрæдзийæн раарфæ кодтой Уæлахизы боны фæдыл, æрымысыдысты уæззау хæстон цаутæ. Фыццаг бастдзинад уыд Волгоградимæ, уый фæстæ дзæуджыхъæуыккæгтæ радзырдтой, Фыдыбæстæйы хæсты Цæгат Ирыстон цы бынат ахста, уый тыххæй. Æдæппæтæй хæсты ветерантæ кæрæдзиимæ ныхас кодтой сахат æмæ `рдæг. Акци арæзт æрцыд Ростовы ветеранты комитеты æмæ Уæрæсейы телекоммуникацион системæты руаджы.

Хуадонты Ехья, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты ветеран: «Махæн тынг зынаргъ у телемосты фæрцы фронты архайджытæн кæрæдзийы фенын æмæ арфæтæ ракæныны фадат кæй ис, уый. Кæрæдзимæ байхъуыстам, кæрæдзийæн салам радтам æмæ уый æхсызгон у».

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania