филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

10:18 суббота, 20 апреля 2024
09 сентября 2020, 14:37
Рухс федта Хæзныдоны хъæуы тыххæй чиныг

Йæ саразын къухы бафтыд хъæуæй рацæуæг амалхъом адæймаг Уаниты Хъазыбеджы фæрцы

Ирыстоны сфæлдыстады къæбиц та  фæхъæздыгдæр  ног æвæрæнæй. Рухс федта  Хæзныдоны хъæуы тыххæй чиныг. Йæ саразын къухы бафтыд хъæуæй рацæуæг амалхъом адæймаг Уаниты Хъазыбеджы фæрцы.

Йæ фыдыбæстæйæн аргъ кæнын чи нæ зона, уый фидæнджын  бæлццон нæу. Уаниты Хъазыбег æгæрон уарзтæй уарзы йæ райгуырæн хъæу, йæ Ирыстон. Йæ æрвылбоны хъуыды у –уæдæ ма цы хорздзинад скæнон, саразон мæ райгурæн хъæуæн, йæ цæрджытæн. Хæзныдоны айивдзинадмæ Хъазыбег дæр æвæрæн бахаста æмæ хæссы, иннæты æмрæнхъ.

 Ныр та йæ бафæндыд чиныджы хуызы радзурын йе мхъæуккæгты хабæртты тыххæй. Куыд зæгъы, афтæмæй йæ хъусыл æруад Хæмыцаты Морис Толдзгуны тыххæй хорз чиныг кæй ныффыста уый, æмæ уыимæ бавналдта йæ фæндоныл архайынмæ.

Æвæццæгæн уæлдай æхцатæ никæмæ вæййы, фæлæ Уаниты Хъазыбег та æнæфæстæмæ фæкæсгæйæ радих кодта фæрæзтæ чиныг мин экземплярæй рауадзынæн. 

«Повесть о Хазнидоне», зæрдæмæдзæугæ у куыд æ бакастæй, афтæ йæ мидисæй дæр. Йе ‘рмæджытæ æмбыдгонд цыдысты дыууæ азы дæргъы.

Чиныг хъæздыг у Хæзныдоны алы æзты  царды хабæрттæй. Хаст æм æрцыдысты рагон къамтæй, куыд хæсты рæстæгæй, афтæ сæрибар цардæй дæр.

Хæзныдоны ныртæккæ цæры 200 бинонтæй фылдæр, 50 мыггаджы. Уыдонæй алкæйы кой ракæнын иу чиныджы кæм бантæстаид, фæлæ зæгъын хъæуы уый, æмæ абоны онг ацы хъæуы тыххæй фыццаг чиныг кæй у, уый. Фыццаг къахдзæф ракæнынæн та алцæйы разæйдæр   фæхъæуы ныфс.

Ацы, диссаджы рæсугъд сфæлыстгонд, чиныг Уаниты Хъазыбег æмы Хæмыцаты Морис цæттæ кодтой Уæлахизы бæрæгбонмæ. Фæндыди сæ уыцы бон хæзныдойнæгтæн зæрдиаг лæвар скæнын, фæлæ  короновирусмæ гæсгæ чиныгæн презентаци нæма уыди æмæ йæ кæсæгмæ  нæма фæхæццæ. Куыддар уыцы хъуыддаг саразын къухы бафта, афтæ та базондзыстæм сæ зæрдæмæ фæцыд æви нæ, уый.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania