филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

22:13 пятница, 19 апреля 2024
22 августа 2019, 17:15
«Русфонд» баххуыс кæндзæн рынчын сывæллæттæн

«Русфонд» баххуыс кæндзæн рынчын сывæллæттæн.
«Русфонд» Жанна Фрискейæн баххуыс кæныны тыххæй цы æхцатæ сæмбырд кодта, уыдон схардз кæндзысты рынчын сывæллæттæн баххуыс кæныныл.

«Русфонд» баххуыс кæндзæн рынчын сывæллæттæн.

«Русфонд» Жанна Фрискейæн баххуыс кæныны тыххæй цы æхцатæ сæмбырд кодта, уыдон схардз кæндзысты рынчын сывæллæттæн баххуыс кæныныл. Афтæ Æрыдоны цæрæг 3 аздзыд рынчын сывæллонæн баххуыс кæнынæн радих кодта 2 милуаны æмæ 500 мин сомы. Уæвгæ та Жанна Фрискейæн Русфонд цы 13 милуаны æмæ 500 мин сомы сæмбырд кодта, уыдонæй баххуыс кæндзысты канд цæгатирыстойнаг лæппуйæн нæ, фæлæ ма нæ бæстæйы цæрæг цыппар уæззау рынчын сабийæн дæр. Русфонд раздæр куыд хъусын кодта, афтæмæй сæм цæ фæрæзтæ бацыд, ома 13 милуан сомы – уый у, зындгонд зарæггæнæджы хæстæджытæ цы хæс дарынц, уый хай. Æхца раздæхтой пъырыстыфтæ, 2017-æм азы тæрхондоны уынаффæмæ гæсгæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania