филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

16:16 вторник, 23 апреля 2024
26 августа 2020, 13:07
Сæрмагонд квесттæм æмæ дæсныйадæвдисæг ахуыртæм хоны дзæуджыхъæуккаг Кванториум

Инженерон каникулты архайджытæн ма скæндзысты зæрдылдарæн лæвæрттæ дæр

Инженерон-техникон зонындзинæдтæ райсын, æмæ сæрды фæлладуадзæн рæстæг пайдаимæ арвитыны фадат ис республикæйы скъоладзаутæн. 27-æм августмæ сæ сæрмагонд квесттæм æмæ дæсныйадæвдисæг ахуыртæм хоны дзæуджыхъæуккаг Кванториум. Сывæллæттæн сæ бон у бирæ ногдзинæдтæ базонын. Инженерон каникулты архайджытæн ма скæндзысты зæрдылдарæн лæвæрттæ дæр. Бæлвырддæр хабæрттæ радзурдзæн Фидараты Маринæ.

Полина Балохтина квантум равзæрста, квест æмæ дæсныйадæвдисæг ахуыртæ ацæугæйæ. Инженерон каникулты архайын æрыгон чызг æвæстиатæй сфæнд кодта. Пандемияйы рæстæг Полинæ онлайн ахуырад ацыди Дзæуджыхъæуы Кванториумы. Гом дуæртты бон куы уыди, уæд та сфæнд кодта сывæллæтты технопарчы архайдимæ базонгæ уæвын.

Инженерон каникулты архайыны тыххæй курдиат бадæттыны фадат ис алы скъоладзауæн дæр. Ног чи рбацæуы, уыдонæн саразынц квесттæ. Уыдоны фæрцы равзарæн ис, сывæллæтты технопарчы цы 8 хуызы куыст ис, уыдонæй иу. Хайтек, биотехнологи, робототехникæ, промышленнон дизайн, журналистикæ. Æппæт архайджытæ фæлтæрæнтæ æххæст кæнынц командæты уæвгæйæ.

Квантумы разамонджытæ зæгъынц, сывæллæтты цымыдисдзинад æвæстиатæй бафиппайынц. Афтæмæй цæуы æвзарæн куыст дæр. Скъоладзаутæй арæзт æрцæуынц командæтæ. Алкæцы дæр ацæуы рæстæгмæ тест. Технопарчы архайджытæ, алы фалварæн сæххæст кæнгæйæ, «цæлхдурты сæрты» куы ахизынц, уæд сæхицæн равзарынц дæсныйадæвдисæг ахуыртæ хицæн квантмæ гæсгæ.

Бирæтæн уарзондæр у биоквантум. Фæлтæрæнтæ æмæ хæслæвæрдтæ сты зын, фæлæ цымыдисаг. Сæххæст кæнæн сæ ис, микробиологон фæлварæнтæн  препаратты æмæ сæрмагонд инвентары фæрцы. Хæслæвæрдтыл бафтауынц хистæр кълæсты ахуырдзауты. Уыдон радзурынц сæ фæлтæрддзинады, æмæ квантумы ног архайджытимæ куысты æнкъарæнты тыххæй. 

Инженерон каникулты архайджытæм æнхъæлмæ кæсынц æхсызгон зæрдылдарæн лæвæрттæ. Уыдон та сты ахуырадон онлайн-сервис «Лицей»-ы промокодтæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania