филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

18:29 суббота, 20 апреля 2024
29 ноября 2019, 15:10
Спорты Галуан «Манеж»-ы арæзт æрцыд Æппæтуæрæсеон турнир уæгъдибар хъæбысхæстæй

Баст у Олимпаг хъæзтыты дыууæ хатты чемпион Андиаты Сосланы номимæ

Спорты Галуан «Манеж»-ы арæзт æрцыд Æппæтуæрæсеон турнир уæгъдибар хъæбысхæстæй. Баст у Олимпаг хъæзтыты дыууæ хатты чемпион Андиаты Сосланы номимæ. Куыд зонут, афтæмæй йæ цардæй ахицæн афæдзы размæ. Ерысты архайынц 200 спортсменæй фылдæр Уæрæсейæ æмæ фæсарæнтæй. Цæгат Ирыстонмæ богæлттæ ссыдысты Сомихæй, Казахстанæй, Туркменийæ æмæ æндæр бæстæтæй. Номарæн турниры сæйраг приз – машинæ. Ратдзысты йæ, 125 килограммы категорийы чи фæуæлахиз уа, уыцы спортсменæн. Кæддæр номдзыд олимпаг чемпион дæр уыцы уæзы фæуæлахиз. Фæстаг 40 азы ацы ерыстæ арæзт цыдысты Андиаты Сосланæн йæхи хъæппæрисмæ гæсгæ. Фæлæ йæ амæлæты фæстæ хаст æрцыд уынаффæ, турнир дарддæр аразыны тыххæй. Ерысты размæ йæ архайджытæн æмæ уазджытæн раарфæ кодта Сосланы фырт Георгий. Номарæн турнир фæуыдзæн райсом, 30-æм ноябры.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania