филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

04:51 четверг, 25 апреля 2024
14 января 2021, 12:17
Спорты галуан «Манеж»-ы цæуынц республикон ерыстæ уæгъдибар æмæ грекъаг-римаг хъæбысхæстæй

Архайынц дзы 2004-æм – 2007-æм азты гуырд лæппутæ

Спорты галуан «Манеж»-ы цæуынц республикон ерыстæ уæгъдибар æмæ грекъаг-римаг хъæбысхæстæй. Архайынц дзы 2004-æм – 2007-æм азты гуырд лæппутæ. Уыдон сты Дзæуджыхъæуы æмæ республикæйы районты спортивон скъолаты хъомылгæнинæгтæ. Алы кары богæлттæ хæцынц хицæн бонты. Кæронбæттæн ерыс уыдзæн 30-æм январы, уæд гауызмæ рацæудзысты хистæр кары спортсментæ. Ерысты хатдзæгтæм гæсгæ сфидар кæндзысты иугонд командæ, уыдон нæ республикæйы кад хъахъхъæндзысты Цæгат Кавказы федералон зылды турниры. Зæгъын хъæуы уый, æмæ пандемийæйы уавæр хыцгæйæ ерыстæм спортуарзджыты нæ уадзынц.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania