11 мая 2020, 16:19
Стыр хæсты Уæлахизы 75 азы кадæн Гæдзаонты Радион сарæзта акци
Бæрæгбоны агъоммæ, 8-æм майы иунæгæй рацыд Дзæуджыхъæуæй æмæ ацыд 65 километры уаццаг
Фыдыбæстæйы Стыр хæсты Уæлахизы 75 азы кадæн хæххон паддзахадон аграрон универститеты ахуыргæнæг, профессор Гæдзаонты Радион сарæзта акци. Бæрæгбоны агъоммæ, 8-æм майы иунæгæй рацыд Дзæуджыхъæуæй æмæ ацыд 65 километры уаццаг. Йемæ хаста дидинджыты баст, афтæмæй. Йæ дугъ райдыдта æхсæвы 3 сахатыл æмæ 11 сахаты фæстæ уыд Цыколайы. Ам æфсымæрон ингæны цур сæвæрдта 75 дидинæджы. Алы цырдзæвæны цур дæр æрæмысыд æдзард хæстонты ном.
темæмæ гæсгæ