филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

03:22 пятница, 19 апреля 2024
02 июля 2020, 16:15
Стыр Уæлахиз чи æхсыста, уыдонæй иу – Таматы Аслæнбег

Æвæццæгæн Ирыстоны ахæм бинонтæ, мыггаг нæй, уыцы фыдрæстæг кæй нæ фæриссын кодта

Фыдыбæстæйы Стыр хæст советон адæмæн цы зындзинæдтæ æрхаста, уымæн рæстæгмæ дæр ферох кæнæн нæй. Нæ абоны равдысты цыбырæй ракæндзыстæм Таматы Аслæнбеджы  бинонты сахъгурдтæй иуы кой.

Æвæццæгæн Ирыстоны ахæм бинонтæ, мыггаг нæй, уыцы фыдрæстæг кæй нæ фæриссын кодта. Фыдыбæстæ бахъхъахъæныны  нисаниуæгимæ хæсты быдырты баиу сты  алы хъæуты æмæ горæтты минæвæрттæ. Хохæй –  быдырæй, уæлдай дзы нæ уыд. Афтæ къуымбылтаг Таматы Аслæнбеджы кæстæртæ дæр.

Афтæмæй, Азиханы хæстон фæндæгтæ рахастой 6 азы.  Мæскуыйы бынмæ горæттæ Клин, Можайск, Волоколамск æмæ æндæртæ фыдæзнагæй уæгъд кæнгæйæ, фæцæф йæ галиу уæхск. Фæлæ Тамайы фырт госпиталы фæстæ дарддæр акодта йæ хæстон фæндаг. 

Уым, Прохоровкæйы районы, цы стыр бырстытæ цыд, уыдоны кой историмæ хаст æрцыдысты куыд хæсты уæззаудæртæ, афтæ.  Таматы Азихан йæ хъæбытырдзинæдты кой кæнын нæ уарзта, фæлæ-иу æнæ дзурæн куы нал уыд, уæд та загъта  афтæ:

Бæгуы дæр Тамайы-фыртæн уыцы ранæй æнæ цæфæй рацæуæн нæ бантыстаид. Фæци уæззау цæф. Йе фсæрыл суад знаджы нæмыг.

Азихан сæрибармæ фæндагмæ цы æвæрæн бахаста, уый тыххæй йын саккаг кодтой стыр хæрзиуджытæ. Се хсæн Сырх тырысайы, Фыдыбæстæйы хæсты фыццаг къæпхæны ордентæ, стæй бирæ, стыр нысаниуæг кæмæн ис, ахæм майдантæ. Хæсты фæстæ Таматы Азихан райдыдта æхсæнадон куыст кæнын.

Фæрнджын бинонтæ саразгæйæ, архайдта пайдайаг уæвыныл  алы къабазты дæр. Фæкуыста совхозы директорæй, разамынд лæвæрдта ветеранты советæн.  Ныр дæр æй Хæзныдоны хъæуы цæрджытæ хъуыды кæнынц, куыд рæстуд адæймаг, афтæ. Йе гъдауджын æмæ уæззау зондыл хæст кæстæртæ та йын йæ хæстон царды мысинæгтæ хæссынц фæлтæртæм æмæ сæ хъахъхъæнынц цæстыгагуйау.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania