филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

09:41 суббота, 20 апреля 2024
30 декабря 2020, 11:29
Сухотскæйы кадджын уавæры байгом кодтой кувæн бынат

Арæзт æрцыди хæрзаудæджы фæрæзтæй

Афæдзы кæрон стыр цау æрцыди Мæздæджы районы пысылмон адæмыл. Сухотскæйы кадджын уавæры байгом кодтой кувæн бынат. Арæзт æрцыди хæрзаудæджы фæрæзтæй. Ацы хъуыддагмæ стыр æвæрæн бахастой туркæгтæ-месхитинæгтæ, Уымæн æмæ дзы бирæтæ цæрынц Сухотскæйы æмæ архайынц æхсæнадон царды. Ацы хъуыддаджы фæдыл цæрджытæн арфæ ракæныны тыххæй Мæздæджы районмæ ацыди республикæйы пысылмæтты управленийы делегаци, сæ сæргъы муфтий Гуæцæлты Хадзымурат, афтæмæй. Уымæй уæлдай, кувæг адæмы цауыл бацин кæнынмæ æрбацыдысты Стъараполы крайы дины кусджытæ. Ахæм центртæ кæй гом кæнынц, уый адæмы кæрæдзимæ кæны æнгомдæр. Фæсивæды миддуне кæны хъæздыгдæр æмæ сыгъдæгдæр, сæ раныхæсты загътой уазджытæ. Уый иу, иннæмæй та Хуыцамæ кувгæйæ хистæртæ кæстæрты æмхиц кæнынц кæрæдзийæн барынмæ. Мадзал фæцис Хуыцаумæ скуывдæй.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania