филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

19:11 пятница, 19 апреля 2024
12 января 2021, 12:05
Сырх зонæйы чи кусы, уыцы дохтыртæн ныр афæдзмæ хæстæг ис хицæн куысты фæтк

Тох кæнынц коронавирусы ныхмæ.

Æнæ фæлладуадзæн бонтæй, æмæ бæрæгбæттæ нæ хынцгæйæ. Сырх зонæйы чи кусы, уыцы дохтыртæн ныр афæдзмæ хæстæг ис хицæн куысты фæтк. Тох кæнынц коронавирусы ныхмæ. Иуæй-иутæ уыцы хæс æххæст кæнынц æнæхъæн бинонтæй. Æмæ уымæй æвдисынц стыр ныфс, стæй, чи зоны, æмæ хъæбатырдзинад.

Тауытты Русланæн алы бон дæр вæййы тæссаг фæндаг. «Сырх зонæ» кæй хонынц, уым 12 сахаты, хатгай та 18 сахаты йе мкусджытимæ ирвæзын фæкæны адæмы цард. Руслан у хирург, йæ дæсныйады ис 41 азы. Уыдонæй 37 азы кусы республикæйы клиникон рынчындоны. 2020-æм азы апрелы бирæ дохтырты хуызæн йæ квалификаци аивта инфекционистæй.

Ахæм фæткмæ гæсгæ Тауытты Руслан кусы афæдзы бæрц. Йемæ та йæ бинонтæ дæр. Йæ фырт æмæ йæ чындз дæр сты дохтыртæ. Уыдон дæр æрвылбон сты «Сырх зонæ»-йы. Ацы бинонтæн адæмы цард ирвæзын кæнын ис сæ туджы. Зæгъæн ис, æмæ иууылдæр сты медиктæ.

Бирæ дохтыртæ сæхæдæг дæр фæрынчын сты ковидæй. Фæлæ уæддæр дарддæр кусынц уæззау рынчынтимæ. Арвылбон архайынц адæмæн баххуыс кæныныл. Фæлæ уæддæр сæхи хъæбатыртыл нæ нымайынц. Куыд зæгъынц, афтæмæй æххæст кæнынц сæ хæс.

«Сырх зонæ» кæм ис, уырдæм бацæуæн ис æрмæстдæр сæрмагонд уæлæдарæсы. Йæ рады чи æрлæууы, уымæн радтынц хи хъахъхъæнæн комбинезон, æрмкъухтæ, респиратортæ, кæсæн цæстытæ æмæ скотч.

Ацы адæмæн, урс халатты куысты фæлладуадзæн рæстæг нæй. Кæд фæндыдæр сты цæттæ. Уымæн æмæ рынчынты нымæц къаддæр нæ кæны. Чи сдзæбæх вæййы, æмæ кæй рафыссынц рынчындонæй, уый бынатмæ уайтагъд æрбацæуы ног рынчын. Ковиды фæстиуджытæ абоны онг нæ уæгъд кæнынц Тауытты Русланы дæр. Йæ улæфт бынтон хорз нæма у. Фæлæ уæддæр кусы, уымæн æмæ кæддæр дохтыры дæсныйад райсгæйæ, дзырд радта. Рынчынтæ хи æнæниздзинадæй сты ахсджиагдæр. Цæгат Ирыстоны дохтыртæ цæттæ сты дарддæр тæссаг низы ныхмæ кусыныл. Уымæн æмæ адæмы нырма хъæуы æххуыс

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania