филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

15:21 среда, 24 апреля 2024
22 октября 2012, 10:49
Сывæллæтты сфæлдыстадон галуаны куысджытæ аразынц сæрмагонд мадзæлттæ

70 азы размæ немыцаг фашисттæ Ирыстоны зæххæй тард кæй æрцыдысты, уый фæдыл сывæллæтты сфæлдыстадон галуаны куысджытæ аразынц сæрмагонд мадзæлттæ. Знон галуаны хъомылгæнинæгтæ экскурсийы ацыдысты карз тохы бынæтты.

70 азы размæ немыцаг фашисттæ Ирыстоны
зæххæй тард кæй æрцыдысты, уый фæдыл сывæллæтты сфæлдыстадон галуаны
куысджытæ аразынц сæрмагонд мадзæлттæ. Знон галуаны хъомылгæнинæгтæ
экскурсийы ацыдысты карз тохы бынæтты.

Республикæйы сывæллæтты сфæлдыстады галуаны хъомылгæнинæгты экскурси
райдыдта сæ галуанæй. 100 сывæллонæй фылдæр æрбацыд райгуырæн бæстæйы
хæстон бынæттæ бабæрæг кæнынмæ.

Калоты Тамарæ, Сывæллæтты сфæлдыстадон галуаны директоры хæдивæг: «Нæ
ахуырады алы къордæй дæр ис минæвæрттæ æмæ сæ хæс у, цæмæй феной, кæм
цавæр цаутæ æрцыди. Кæм æрцыдысты æппæты уæззаудæр хæсты хабæрттæ, стæй
чи равдыста йæхи уæлдай хъæбатырдæрæй. Уый тыххæй сæвæрдзысты
дидинджытæ. Ахæм мадзæлттæ аразæм, цæмæй кæстæр фæлтæр ма рох кæной,
зæххыл цы стырдæр хæст æрцыдис, уым ирон туг дæр кæй ныккалд».

Дзæуджыхъæуы намысджын горæты стелæйæ райдыдта сывæллæтты экскурси.
Æнæмæнг сæм цымыдисдзинад сæвзæрын кодтой Барбашовы номыл арæзт
мемориалон комплекс æмæ æфсымæрон ингæн. Бабæрæг кодтой Майрæмададжы
музей, дидинджытæ сæвæрдтой Гæздæнты 7 æфсымæры ингæныл.

Гæджиты Элимæ, Сывæллæтты сфæлдыстады галуаны хъомылгæнинаг: «Фенын мæ
фæндыди нæ хæсты бынæтты истори. Ис ны диссаджы зондджын экскурсовод,
кæцы нын цымыдиссагæй радзырдта нæ хæстон бынæтты тыххæй. Мæнæн нæ фæлæ
ма нæ гыццыл фæлтæрæн дæр абон ис базонын нæ хæсты бынæтты тыххæй».

Томайты Къоста: «Ацы бонты 70 азы æххæст кæны немыц Ирыстоны зæххы пырх
куы æрцыдысты уæдæй. Мæнмæ гæсгæ хъуамæ алы ирон сывæллон дæр хъуамæ
лæмбынæгдæр базона йæ фыдыбæстæйы истории. Нæ фыдæлтæ кæм хæцыдысты æмæ
сæ туг кæм акалдтой мах сæрибары тыххæй. Мæнмæ гæсгæ абоны балц тынг
пайдайæн ацæудзæн канд мæнæн нæ фæлæ ма кæстæр кары сывæллæттæн дæр.
бузныг абоны балц кæй фæрцы арæзт æрцыди уыдонæн. Нæ фыдæлтæн та ныллæг
нæ сæртæй кувæм».

Патриотон хъомылад бæрзонд æмвæзадыл æвæрд у сывæллæтты сфæлдыстадон
галуаны. Арæх аразынц алы хуызон мадзæлттæ. Æмæ сывæллæтты ахуыр кæнынц
Фыдыбæстæ уарзын æмæ йын аргъ кæнын, уæлдай дæр та Уалахиздзау
хистæртæн.

Калоты Тамарæ, Сывæллæтты сфæлдыстадон галуаны директоры хæдивæг: «Ис
нæм сæрмагонд пълан, цæмæй 70-æм аз рæсугъддæрæй ацæуа æмæ фылдæр
сывæллæттæ базоной кæм цы æрцыдис æмæ афтæ куы зæгъон «Ирыстонæй
райдыдта Уæлахиз», уæд нæ фæрæдийдзынæн, уымæн æмæ æппæты Хуссар дæр
фарс кæм хæцыд фашист, уый уыд Ирыстон».

Хъомылгæнджыты хъуыдымæ гæсгæ ацы экскурсийы фæрцы сывæллæттæ хуыздæр
базыдтой Ирыстоны историйы иу хай, æмæ куыд хъомыл кæной, афтæ сæм
фылдæр цымыдисдзинад æвзæрдзæн нæ истроимæ, нæ фыдæлты хъæбатырдзинадмæ.

 

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania