филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

09:47 суббота, 20 апреля 2024
04 июля 2019, 12:38
Сывæллæттæ æнæниздзинад фидаргæнæн æмæ фæладуадзæн лагерь «Фидæн»-ы радон фæлтæр хæсдзæн Хетæгкаты Къостайы ном

Хъæбæлоты Билары номыл сывæллæтты сфæлдыстадон галуаны цур æрæмбырд 130 сывæллоны

Сывæллæттæ æнæниздзинад фидаргæнæн æмæ фæладуадзæн лагерь «Фидæн»-ы радон фæлтæр хæсдзæн Хетæгкаты Къостайы ном. Хъæбæлоты Билары номыл сывæллæтты сфæлдыстадон галуаны цур æрæмбырд 130 сывæллоны. Ам сæхи кары лæппутæ æмæ чызджытимæ хъæлдзæгæй æрвитдзысты сæ рæстæг, араздзысты сын алыхуызон ирхæфсæн мадзæлттæ, хъæзтытæ. Лагеры разамонæджы ныхæстæм гæсгæ фæлтæр хуымæтæджы на райста Къостайы ном, уымæн æмæ ацы аз поэты райгуырдыл æххæст кæны 160 азы. Сывæллæттæ йын иртасдзысты йæ нывтæ, кæсдзысты æмдзæвгæтæ, сæ разамонджытæ сын дзурдзысты йæ цард æмæ сфæлдыстады тыххæй. Лагеры разамонæг куыд зæгъы, афтæмæй сæйрагдæр у сывæллонмæ цымыдисдзинад гурын кæнын, цæмæй тырной ногдзинæдтæм.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania