филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

05:31 пятница, 19 апреля 2024
12 июля 2019, 16:03
Сывæллæтты дзæбæхгæнæн лагерь «Дзинагъа»-йы сыгъдæг уæлдæфы ныртæккæ спортæй архайынц 400 лæппуйы æмæ чызджы

Сты нæ республикæйы спортивон скъолаты хъомылгæнинæгтæ

Сывæллæтты дзæбæхгæнæн лагерь «Дзинагъа»-йы сыгъдæг уæлдæфы ныртæккæ спортæй архайынц 400 лæппуйы æмæ чызджы. Сты нæ республикæйы спортивон скъолаты хъомылгæнинæгтæ. Фæсивæдæн сæ фылдæр ныртæккæ сæхи цæттæ кæнынц алыхуызон ерыстæм. Ацы спортивон фæлтæр Дзинагъайы фæуыдзæн 22-æм июлы онг. Дыгургомы сæ бонтæ куыд æрвитынц, уый тыххæй радзурдзæн Фидараты Маринæ.

Райсомы зарядкæмæ Тохъмайты Руслан зæрдиагæй фæцæуы. Уарзы йæ хъарутæ бавзарын. Канд йе спортивон цæттæдзинадыл нæ кусы, фæлæ ма йæхимæ рæзын кæны уæлахизтæм тырнындзинад дæр. Русланæн йæ бæллиц у уæгъдибар хъæбысхæстæй олимпаг чемпион суæвын.

Сывæллæтты дзæбæхгæнæн лагерь «Дзинага» йæхæдæг у стыр спортивон залы хуызæн. Сыгъдæг уæлдæфы спортæй архайынц 400 лæппуйы æмæ чызджы. Се хсæн: хъæбысæйхæцджытæ, баскетболисттæ, дзюдоисттæ æмæ фехтовальщиктæ. Сты нæ республикæйы спортивон скъолаты хъомылгæнинæгтæ. Фæсивæдæн сæ фылдæр ныртæккæ сæхи цæттæ кæнынц алыхуызон ерыстæм.

Ацы фæсивæды та сæ тренер хоны гауызмæ сæ тыхтæ бавзарынмæ. Лæппутæ æмæ чызджытæ зæрдиагæй æфтауынц сæ фæлтæрддзинадыл.

Йæ фарсмæ фæзы та фæсивæд хъазынц баскетболæй. Уыимæ зонгæ кæнынц ацы спорты хуызы сусæгдзинæдтимæ. Беслæны æвзонг баскетболисттæ спорты фыццаг бон не сты, фæлæ цæмæ бæллой, уый сын ис.

Уæвгæ, спорты лыстæг хъуыддæгтæ нæй. Цæмæй тренировкæ æнтыстджын рауайа, уый тыххæй та хъæуынц фылдæр кусæнгæрзтæ.

Къуыри дыууæ хатты æвзонг спортсментæ басæттынц, сæ фарсмæ чи ис, уыцы бæрзонд къæдзæхтæ. Уыцы фæндаг сын бацамыдтой не мзæххон олимпаг чемпионтæ. Фæсивæдон спортивон фæлтæр Дзинагъайы фæуыдзæн 22-æм июлы онг.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania