филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

10:37 суббота, 20 апреля 2024
03 октября 2019, 17:15
Таймазты æфсымæрты номыл хъæбысхæсты клуб байгом уыдзæн стыр турнирæй

Уый тыххæй абон пресс-конференцийы рæстæг фехъусын кодта Паддзахадон Думæйы депутат Таймазты Артур.

Таймазты æфсымæрты номыл хъæбысхæсты клуб байгом уыдзæн стыр турнирæй. Уый тыххæй абон пресс-конференцийы рæстæг фехъусын кодта Паддзахадон Думæйы депутат Таймазты Артур.

Ерысты архайдзысты Сомихы, Азербайджаны æмæ Цæгат Кавказы республикæты æвзонг спортсменты иугонд командæтæ. Турнир кадджын уавæры байгом уыдзæни 11-æм октябры. Спорты бæрæгбонмæ хуынд æрцыдысты зындгонд спортсментæ, Олимпаг хъæзтыты æмæ дунейы чемпионатты уæлахиздзаутæ.

Хъæбысхæсты клуб кусдзæни раздæры Спартак-Орджоникидзейы футболон командæйы территорийы. Цалцæггæнæн куыстытæ дзы кæронмæ фæвæййынц. Æмбырдты æмæ ерысты рæстæг суткæйы дæргъы базæйы цæрдзысты 30 спортсмены. Таймазты Артуры ныхæстæм гæсгæ, фæсивæдæн ам уыдзæни æппæт фадæттæ ерыстæм æмбæлгæ æмвæзадыл бацæттæ кæнынæн.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania