филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

10:07 вторник, 23 апреля 2024
23 октября 2012, 12:16
Цæгат Ирыстоны æмæ Мæхъæлы арæныл посты цур йæхи срæмыгъта террорист

Цæгат Ирыстоны æмæ Мæхъæлы арæныл посты цур йæхи срæмыгъта террорист. Фыдракæнд æрцыд абон райсомы рдæм, 4 сахаты æмæ 25 минутыл. Фæмард дзы 1 пъæлицæйаг, 4-æй та фесты цæфтæ.

Цæгат Ирыстоны æмæ Мæхъæлы арæныл посты
цур йæхи срæмыгъта террорист. Фыдракæнд æрцыд абон райсомы рдæм, 4
сахаты æмæ 25 минутыл. Фæмард дзы 1 пъæлицæйаг, 4-æй та фесты цæфтæ.
Ныртæккæ сты республикæйы рынчындæтты. Сæ иу уæззау уавæры.

Абон
райсомы 4 сахаты æмæ 20 минутыл Черменыхъæуы контролон уадзæн пункты
радхæссæг пъæлицæйæгтæ баурæдтой Мæхъæлы республикæйæ Цæгат Ирыстонмæ
цæуæг 9-æм моделы рог машинæ. Фыдгæнæг куы бамбæрста, машинæ сгаргæ
кæндзысты, уæд йæхи срæмыгъта.

Бекъойты
Артур, РЦИ-Аланийы паддзахадон автоинспекцийы хицауы хæдивæг: «Абон 4
сахаты æмæ 20 минутыл КПМ 105-ты мидæг мæхъæлырдыгæй машинæ сæмбæлд нæ
кусджыты цур æмæ йæ куы баурæдтой, уæд террорист йæхи схæцын кодта.
Фыдбылызы нæ кусджытæй 1 лæппу фæзиан. 3-та бахаудысты рынчындонмæ.
Ныртæкæ цæуы слест æмæ бæрæг кæнынц куыд уыди хабар уый».

Рагагъоммæйы
бæрæггæнæнтæм гæсгæ, тротилон эквивалентмæ гæсгæ, рæмудзæн æрмæджы тых
уыд 30-50 килограммы. Контролон уадзæн пункты бæстыхай æнæхъæнæй
ныппырх, машинæйы хæйттæ алырдæм атахтысты. Иу пъæлицæйаг фæмард бынаты,
4-æй алыхузон цæфтимæ сты Дзæуджыхъæуы рынчындæтты. Сæ иу ис уæззау
уавæры. Пъæлицæйы службæгæнæг сылгоймаг райста контузи.

Реуазты
Таймураз, РЦИ-Аланийы æнæниздзинадхъахъхъæнынады министры хæдивæг: «Нæ
рынчындонты æртæккæ 4 рынчыны ис, милицæйы чы кусы, уыдонæй. Иу дзы у
тынг уæззау. Йæ мыггаг у Хоранты Вадим. / Йæ сæры стæгтæ саст сты æмæ
æртæккæ афтæ хъуыды кæнæм Мæскумæ йæ куыд арвитæм уый тыххæй. Фæлæ
фыцаджы дæр хъуыамæ гыццыл фæхъæддыхдæр уа æмæ дохтыртæ ууыл архайынц.
Мæскуимæ дæр баныхас кодтам æмæ куыддæр нæ рынчын цæттæ уа, афтæ йæ
реанимобилæй арвитдзыстæм Беслæны аæропортмæ, уырдыгæй та самолетæй
Мæскуымæ».

Рагагъоммæйы
бæрæггæнæнтæм гæсгæ рæмудзæн æрмæг æвæрд уыд машинæйы фæстаг бадæныл,
кæнæ та багажничы. Гæнæн ис, æмæ ацы машинæйы хицау цыд, Дзæуджыхъæуы
стырдæр фыдракæнд саразынмæ, фæлæ куы бамбæрста, пъæлицæйæгтæ машинæ
æнæсгæрстæй нæ ныууаддзысты, уæд йæхи срæмыгъта. Райсомæй контролон
уадзæн пункт сæхгæдтой. Фыдбылызы бынаты кусынц Федералон æдасдзинады,
мидхъуыддæгты министрады æмæ слестгæнæн комитеты службæгæнджытæ.

Æхсæвы
срæмыгъды фæдыл УФ-йы Уголовон Кодексы æртæ сæдæ æвддæсæм æмæ дыууæ
сæдæ дыууын дыккæгæм статьятæм гæсгæ гом æрцыд уголовон хъуыддаг.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania