филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

09:55 вторник, 23 апреля 2024
01 октября 2013, 11:42
Цæллагты мыггаджы бæрæгбон

Цæллагты генеологон бæласыл цæуы цыппар сæдæ азæй фылдæр. Бындур та йын сæвæрдтой мыггаджы рагфыдæл Цæллагты Уырыспийы къухфыстытæ.

Цæллагты генеологон бæласыл цæуы цыппар сæдæ азæй фылдæр. Бындур та йын сæвæрдтой мыггаджы рагфыдæл Цæллагты Уырыспийы къухфыстытæ. Йæ ном ма сæнусон кодта, мæсыг амайын кæй райдыдта, уый фæрцы. Фæлæ ныры онг, цы хуызы уыди, ахæмæй нæ баззад. Æмæ йæ мыггаджы байзæддæгтæ сфæнд кодтой сног кæнын. Мæсыг байгом кæныны хъуыддаджы кадæн Цæллагтæ скодтой мыггаджы куывд. Уымæй дарддæр сарæзтой спортивон ерыстæ.

Цæллагты генеологон бæласыл цæуы цыппар сæдæ азæй фылдæр. Бындур ын сæвæрдтой мыггаджы минæвар Цæллагты Уырыспийы мин аст сæдæ нæуæдз цыппæрæм азы къухфыстытæ. Мыггаджы рагфыдæл Цæллаг нымад у хæххон хъæу Уыналы бындурæвæрæгыл. Йæ ном та сæнусон кодта, мæсыг мæсыг кæй самадта, уый фæрцы. Куыд арæзт æрцыд, ахæмæй нæ баззад. Æмæ йæ мыггаджы байзæддæгтæ сфæнд кодтой сног кæнын.

Цæллагты Артур: «Нæ мыггаджы ныхас арæзт æрцыд нæхи хъæппæрисæй. Зæгъæн ис, æмæ уыди фыццаг нæ республикæйы. Уæдæй абонмæ рауагътам чингуытæ, фотоальбомтæ. Рабæрæг кодтам 13 фæлтæры нæ мыггагæй. Фæнды нæ, цæмæй нæ фыдæлты зæххы нæ мыггаг цы бынаты равзæрд Уналы, уым кæстæртæ сæ истори зоной».

Куыд зæгъынц, афтæмæй мæсыг рауад, цыппар сæдæ азы размæ цы хуызæн уыди, ахæм. Куы йæ амадтой, уæд афæдзы рдæг кастысты архивтæм, историон документтæм æмæ къамтæм. Иу уыйбæрц рæстæг та ма сæ бахъуыди йе сног кæнынæн. Æхца йын æмбырд кодтой æнæхъæн мыггагæй.

Цæллагты Виктор: «Ацы мæсыг аразын райдыдтам 2 азы размæ. Бацархайдтам ыл зæрдиагæй, уæлдайдæр та Цæллагты Сергей. Мæсыг у 15 метры, у фондзуæладзыгон. Дыккаг уæладзыджы уыдзæн музей рагон ирон дзаумæттимæ. Æртыккаг уæладзыджы та фенæн уыдзæн цымыдисаг къамтæ».

Мæсыг байгом кæныны кадæн Цæллагтæ скодтой мыггаджы куывд. Уымæй дарддæр сарæзтой ерыстæ фатæй æхсынæй æмæ æрмдыхæй хæцынæй. Кадджын мадзалмæ уазджытæ æрхуыдтой Мæскуыйæ дæр. Цæллагкаты Хъазыбег бæрæгбонмæ ссыд йæ фырттимæ æмæ иумæ схызтысты мæсыджы сæрмæ.

Цæллагкаты Хъазыбег: «Абон нæ мыггаджы куывд у, æмæ йæм ссыдыстæм Мæскуыйæ. Лæппуты дæр ракодтон мемæ, цæмæй зоной сæ мыггаджы тыххæй».

Мыггаджы æмбырды стыр æргом аздæхтой кæстæртæм. Уæлдайдæр та, скъолаты олимпиадæты, спортивон ерысты æмæ сфæлдыстадон конкурсты уæлахиздзаутæм. Кæд сывæллæттæ мыггаджы мæсыг нæ амадтой, уæддæр фидарæй зæгъæн ис, се *нтыстдзинæдæтæй сæ дур бавæрдтой йæ бындуры. Æмæ сæ сæ хистæртæ сты сæрыстыр.

Фидараты Маринæ

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania