филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

01:25 пятница, 29 марта 2024
23 декабря 2019, 12:15
Цæгат Ирыстонæй 36 скъоладзауы 25-æм декабры ацæудзысты Мæскуыйы сæйраг заз бæлас байгом кæныны кадджын мадзалмæ

Куыд ивгъуыд азты, афтæ ныр дæр, уыдон сты фæкæсынхъуаг бинонты сывæллæттæ, скъолайы иттæг хорз чи ахуыр кæны

Цæгат Ирыстонæй 36 скъоладзауы 25-æм декабры ацæудзысты Мæскуыйы сæйраг заз бæлас байгом кæныны кадджын мадзалмæ. Куыд ивгъуыд азты, афтæ ныр дæр, уыдон сты фæкæсынхъуаг бинонты сывæллæттæ, скъолайы иттæг хорз чи ахуыр кæны, ахæмтæ, сидзæр сывæллæтты хæдзæртты хъомылгæнинæгтæ, стæй сæ ныййарджытæ сæ службæйы рæстæг кæмæн амардысты, ахæм сабитæ. Семæ ацæудзысты хистæртæ дæр. Сæ балцы рæстæг сæм цæст дардзысты æмæ сæ ифтонг кæндзысты алцæмæй дæр. Сæ уæлæ уыдзæни сæрмагонд уæлæдарæс, ирон символикæимæ къурткæтæ, хъуырбæттæнтæ æмæ худтæ. Кремлы заз бæласæй уæлдай ма сывæллæттæ фендзысты «Мосфильм», планетарий, бабæрæг кæндзысты зындгонд цирк.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania