филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

09:07 вторник, 23 апреля 2024
07 ноября 2019, 12:43
Цæгат Ирыстонмæ сластой Михаил Тверскойы æмæ Анна Кашинскийы Дзуарыныв се стæгдартимæ

Сæрмагонд аргъуыд ацыд Беслæны1-æм скъолайы кæрты ногхъизæмаргæнджыты аргъуаны

Цæгат Ирыстонмæ сластой Михаил Тверскойы æмæ Анна Кашинскийы Дзуарыныв се стæгдартимæ. Сæрмагонд аргъуыд ацыд Беслæны1-æм скъолайы кæрты  ногхъизæмаргæнджыты аргъуаны. Дзуарынывмæ бандзæвыныл æрбацыдысты чырыстон диныл хæст адæм. Уыдонæн Михаил Тверской у дæнцæгæн хæссинаг, тæтæр –монголы ныхмæ йæхиуыл чи нæ бацауæрста, ахæм дзуар. Аргъуыд  сарæзтой Беслæны зылды протеирей Сергий Мальцев, иеромонах Æмбалты Андрей æмæ ногхъизæмаргæнджыты аргъуаны сауджын Бестауты Лазарь. Уый фæстæ аргъуаны алыварс  сарæзтой дзуæрттимæ цыд æмæ бацыдысты спортивон залмæ. Рагагъоммæйы нымадмæ гæсгæ къниаз Тверскойы фæмард алайнаг горæт Дедяковы,  Заманхъулы хъæугæрон. Ам дæр рагон дзуары цур сарæзтой аргъуыд. Михаил Тверской æмæ Анна Кашинскийы рухс сурæтты нывæфтыд фенæн ис «Чырыстон аргъуан»-ы армукъайы. 9-æм ноябры та уыдзæн Алагиры сылгоймæгты моладзандоны, 10-мы та Нæлгоймæгты Успенийы моладзандоны.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania