филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

01:32 пятница, 19 апреля 2024
01 октября 2019, 12:10
Цæгат Ирыстоны 20 амалхъом адæймаджы гранттæ райстой сæ проекттæ царды рауадзынæн

Субсидитæ дæттыны хъуыддаг цыди конкурсы бындурыл. Экспертон къамисы уæнгтæ, 40 курдиатæй хорзыл банымадтой æппæтæй ахадгæдæр чи уыди, уыдон.

Цæгат Ирыстоны 20 амалхъом адæймаджы гранттæ райстой сæ проекттæ царды рауадзынæн. Субсидитæ дæттыны хъуыддаг цыди конкурсы бындурыл. Экспертон къамисы уæнгтæ, 40 курдиатæй хорзыл банымадтой æппæтæй ахадгæдæр чи уыди, уыдон. Хæуытаты Зитæ радзурдзæн бæлвырддæр.

Райдайгæ амалхъом адæмæн сæ проекттæ царды рауадзынæн гранттæ дæттыны программæ кусы æртæ азы. Ацы аз республикæйы æххуысæй спайда кодтой дыууын адæймаджы. Алчидæр дзы расæста фæйнæ 150 мин сомы. Конкурсы уæлахиздзаутæй иу у Тотойты Алинæ. Фæнд кæны ирон символикæимæ уæлæдарæс уадзын. Фыст ыл уыдзæн «Байрай». Ахæм куыст хуымæтæджы нæ равзæрста. Чызг бæстонæй æркасти базарады уавæрмæ, стæй ирон æхсæнады æууæлтæм.

Фæлæ ууыл æрлæууынмæ чызг нæ хъавы. Хæстæгдæр рæстæг та фæнд кæны национ стильмæ гæстгæ сувæниртæ уадзын. Кусæнгæрзты иу хай Алинæ райсдзæн тагъд. Йæ проект царды рауадзынæн æхца райста Бырнæцты Марк дæр. Фæрæзтæй балхæдта ушуйы скъолайæн æй цытæ хъæуы, уый. Ног кусæнгæрзты фæрцы йæ къухы бафтыди йæ секцийы гæнæнтæ фæуæрæхдæр кæнын. Уыимæ та фылдæр адæмы æргом раздахын. Йæ хъуыдымæ гæсгæ ма проект ноджыдæр ис райрæзын кæнын.

Эксперттæ куыд зæгъынц, афтæмæй чи рамбылдта, уыцы проекттæ уыдысты æппæтæй цымыдисагдæр. Паддзахадон æххуысæй хъуамæ пайда кæной адæмæн пайда чи уыдзæни, ахæм проекттæ.

Фæлæ экспертты хъуыдымæ гæсгæ, амалхъом адæм хъуамæ рæзой ног технологиты къабазы. Ацы аз дзы ахæм проекттæн сæ кой дæр нæ уыди.

Къамисы уæнгты хæс у, амалхъом адæмæн сæ проекттæ райрæзын кæнынæн баххуыс кæнын. Уыдонæй та æнхъæлмæ кæсынц актуалон æмæ хæрзхъæд проекттæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania