филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

07:38 пятница, 29 марта 2024
19 января 2021, 12:48
Цæгат Ирыстоны æрымысыдысты булкъон Александр Стыцинæйы рухс ном

25 азы размæ æвирхъауæй фæмард Цæцæны республикæйы, æфсæддон хæс æххæст кæнгæйæ

Хъæбатыртæ нæ мæлынц. Цæгат Ирыстоны æрымысыдысты хæстон офицеры, Хуссар æфсæддон зылды сæйраг сгарæг, булкъон Александр Стыцинæйы рухс ном. 25 азы размæ æвирхъауæй фæмард Цæцæны республикæйы, æфсæддон хæс æххæст кæнгæйæ. Йæхи цардыл нæ ахъуыды кæнгæйæ, аирвæзын кодта æфсæддонты къорд. Уыцы хъæбатырдзинад ныр дæр рох нæу.

Цыртдзæвæны раз кадджын караул, уазал къæйдурыл дидинджытæ, æмхæстонты мысинæгтæ. Фæндзай æстæм æфсады сгарджыты къорды разамонæг Александр Стыцинæйы мæлæтыл рацыдис дыууын фондз азы. Йæ рухс ном æрымысынмæ Намысы Аллеймæ æрбацыдысты бирæ адæм. Уæрæсейы хъæбатыр фæмард фыдгæнджытимæ хæцгæйæ, 1996-æм азы. Уæд, январы, Хъызлары арæндон бацахсыны фæстæ Радуевы къорды фыдгæнджытæ афæлвæрстой ныббырсын Первомайскимæ. Александр Стыцинæ та фынддæс адæймагимæ урæдта боевикты. Йе фсæддон хæс æххæст кæнгæйæ, номдзыд булкъон фæмард хъæбатырæй.

Дзæуджыхъæуы æфсæддон училищæйы рауагъдонæн йæ фæллойадон фæндаг райдыдта взводы командæгæнæгæй æмæ йæ ахæццæ кодта суанг æфсады сгарджыты къорды разамонæджы бынатмæ. Дыууын фондз азы райгуырæн бæстæйæн кодта удуæлдай лæггад. Йе мхæстонты зæрдæты та баззад куыд хуымæтæг æфсæддон, афтæ.

Александр Стыцинæйы ном абон хæссы Дзæуджыхъæуы скъолатæй иу. Дыууын фондз азы фæстæ дæр ма адæм хъуыды кæнынц йæ хъæбатырдзинад. Хуымæтæджы нæ фæзæгъынц, хъæбатыртæ нæ мæлынц.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania