филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

17:09 пятница, 19 апреля 2024
30 января 2020, 17:00
Цæгат Ирыстоны бар нал уыдзæн, никотин кæм ис, ахæм продукци уадзынæн æмæ парахат кæнынæн

Ахæм ахсджиаг социалон проект абон фыццаг бакасты хорзыл банымадтой республикæйы Парламенты 32-æм æмбырды

Цæгат Ирыстоны бар нал уыдзæн, никотин кæм ис, ахæм продукци уадзынæн æмæ парахат кæнынæн. Ахæм ахсджиаг социалон проект абон фыццаг бакасты хорзыл банымадтой республикæйы Парламенты 32-æм æмбырды. Депутаттæ ма прокурорæй ракурдтой, цæмæй ацы фарстайы фæдыл карздæр æфхæрæн мадзæлттæ цæуой, уый. Фыццаг бакасты ма æрдзырдтой Олимпаг, паралимпаг æмæ сурдлимпаг хъæзтыты чемпионтæн стæй сæ тренертæн материалон фæрæзты бæрц сфидар кæныныл. Нысан æй кæнынц 15 минæй – 20 мин сомы онг сисын. Æмбырды ма фехъусын кодтой, æрмдæснытæн уæлæмхасæн фиддонтæ кæныны тыххæй хъæппæрис. Фыццаг бакасты цы закъоны проект сфидар кодтой, уымæ гæсгæ лæвæрд цæудзæн «Республикæйы æрмдæсныйады сгуыхт мастеры» кадджын ном. Кæронбæттæн уынаффæ хъуамæ рахæсса Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania