филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

05:19 пятница, 19 апреля 2024
19 февраля 2020, 12:30
Цæгат Ирыстоны дарддæр цæуы хъæддаг галты зымæгон хыгъд

Ацы аз мадзал райдыдта Цъæйы фæдзæхст бынаты январы

Цæгат Ирыстоны дарддæр цæуы хъæддаг галты зымæгон хыгъд. Ацы аз мадзал райдыдта Цъæйы фæдзæхст бынаты январы. 10 азы размæ сæ хъæддаг æрдзы æппæтдунеон фонд  æрбаласта фæсарæнтæй, æмæ сæ рауагъта ацы ран. Уæд уыдысты 50, ныр бæрæггæнæнтæ куыд амонынц, афтæмæй уавæр аивта. Ацы аз сты 105, уыдонæй дæсыл, нырма афæдз дæр нæ цæуы. Уый та ууыл дзурæг у æмæ хъæддаг галтæн нæ æрдзон уавæртæ сты хорз.

Уыйхыгъд  Цæгат Ирыстоны ныгуылæн хайы уавæр у хуыздæрхъуаг. Ам хыгъд аразын райдытой æрмæстдæр ацы мæй. Се ссарын зын уымæй у, æмæ, Цъæйы фæдзæхст бынатимæ абаргæйæ, Турмоны ис æрмæстдæр 10 хъæддаг галы, цы фæзуаты хизынц, уый та у 3 хатты фылдæр. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, ацы ран хъæддаг æрдзы æппæтдунеон фонд  сырдты ауагъта 2018-æм азы сæрды. Абоны бонмæ ацы галты æндæр хуызтæ нæ республикæйы нæй.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania