филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

15:23 пятница, 29 марта 2024
25 ноября 2019, 12:54
Цæгат Ирыстоны делегаци афтæмæй архайдта парти «Иугонд Уæрæсе»-йы XIX съезды куысты

Арæзт æрцыд Мæскуыйы.

Цæгат Ирыстоны делегаци, йæ сæргъы регионы разамонæг Битарты Вячеслав, афтæмæй архайдта парти «Иугонд Уæрæсе»-йы  XIX съезды куысты. Арæзт æрцыд Мæскуыйы. Делегацийы хыгъды ма уыдысты партийы регионалон хайады секретарь Ортабайты Тимур, Паддзахадон думæйы депутат, партийы Генералон советы уæнг Таймазты Артур, нæ республикæйы Парламенты сæрдар Алексей Мачнев, æмæ ма партийы регионалон конференцийы кæй равзæрстой, уыцы делегаттæ. Уæрæсейы уæлдæр форумы раныхас кодтой нæ бæстæйы Президент Владимир Путин æмæ партийы сæрдар, премьер-министр Дмитрий Медведев. Уæрæсейы разамонæг куыд загъта, афтæмæй парти йæ куыст хъуамæ араза, бæстæйы цæрджыты фæндонтæ хынцгæйæ. Уыимæ сæйраг нысан – царды хæрзхъæддзинад хуыздæр кæнын. Ахæм куыстмæ æнхъæлмæ кæсынц цыфæнды политикон партийæ дæр. Уæлдайдæр та ахæм егъау æмæ хъомысджын, куыд «Иугонд Уæрæсе», загъта Владимир Путин. Съезды ма бындур сæвæрдтой 2021-æм азы Паддзахадон Думæмæ æвзæрстытæм цæттæгæнæн куыстæн. Фехъусын кодтой, арæзт кæй æрцыд Бартæхъахъхъæнæн центр æмæ 6 кусæг къорды. Уымæй дарддæр ног хуызы кусдзысты партийы æхсæнадон исæнуæттæ. Уым алкæмæндæр фадат уыдзæн, партион проекттæ куыд æххæстгонд цæуынц, уый базонынæн, æмæ партийы хыгъдмæ бацæуынæн. Битарты Вячеслав ма архайдта партийы Уæлдæр æмæ Генералон советты иумæйаг æмбырды. Хатдзæгтæ йын кæнгæйæ, республикæйы разамонæг загъта, 2019-æм азы «Иугонд Уæрæсейы» уæнгтæ ахадгæй куыст кæй бакодтой. Афтæмæй фидардæр кæнынц сæ уавæр. Зæгъын ма хъæуы уый дæр, æмæ царды цы проекттæ уадзынц, уыдон сты ахсджиаг. Абон республикæйы территорийы æнтыстджынæй æххæстгонд цæуынц партион хъæппæристæ. Хицæн ныхасы аккаг у проект «Горæты æнцонвадат архайд». Арæзт у хæдзæртты кæртыты æмæ фæлладуадзæн бынæтты аивдзинадæн. Проект æнтыстджынæй æххæст кæнынц куыд Дзæуджыхъæуы, афтæ республикæйы æппæт районты дæр. Партийы куысты нысан та у – адæмы уавæртæ хуыздæр кæнын, загъта Битарты Вячеслав.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania