филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

11:20 среда, 24 апреля 2024
17 сентября 2020, 15:07
Цæгат Ирыстоны дыууæ колледжы студенттæ сæ арæхстдзинад равдыстой æнæхъæн бæстæйæн

Елхоты бирæвæрсыг колледж æмæ Цæгат Кавказы аграрон -технологон колледж «Æрыгон профессионалты» ерысты архайынц æртыккаг хатт

Цæгат Ирыстоны дыууæ колледжы студенттæ сæ арæхстдзинад равдыстой æнæхъæн бæстæйæн. Елхоты бирæвæрсыг колледж æмæ Цæгат Кавказы аграрон -технологон колледж «Æрыгон профессионалты» ерысты архайынц æртыккаг хатт. Фæлæ, ахæм иттæг хорз бæрæггæнæнтæ райстой фыццаг хатт. Ахуыргæнæндæттæ райсдзысты паддзахадон гранттæ.

Фæскадры: Дыууæ минутмæ сæрмагонд уæлæдарæс скæнын æмæ цæлхдурты сæрты ахизын — ацы лæппуты къухы æнцонæй æфты. Дыккæгæм курсы ахуырдзаутæ куыд æмбæлы, афтæ æххæст кæнынц сæ ахуыргæнæджы хæслæвæрдтæ. Фидæны ирвæзынгæнджытæ хъуамæ сæ теоретикон зонындзинæдтæй пайда кæной цыфæнды уавæрты дæр. Уæвгæ, фæсивæд куыд зæгъынц, афтæмæй сæ фидæны дæсныйад зæрдæйæ æвзæрстой, æмæ цæттæ сты цыфæнды иртæстытæм дæр. Лæппутæй бирæтæ ныридæгæн спайда кодтой сæ зонындзинæдтæй — архайдтой адæмы ирвæзынкæныны. Тагъд рæстæджы сын хуыздæр уайдзæнис — уымæн æмæ сын уыдзæнис фадат сæ гæнæнтæ фæуæрæхдæр кæнынмæ. Елхоты бирæвæрсыг колледж рамбылдта æрыгон профессионалты конкурсы грант. Уыцы æхцатæй спайда кæндзысты канд ахуыргæнджыты квалификаци фæхуыздæр кæныныл нæ, фæлæ ма материалон-техникон бындур фæфидардæр кæныныл. Ахуыргæнæндоны куыд загътой, афтæмæй уал сбæрæг кодтой, цавæр ифтонггарз балхæндзысты, уый.

Уый фæрцы хъуамæ фæхуыздæр уа ахуырады хæрзхъæддзинад  – зæгъынц ахуыргæнæндоны. Бафиппаинаг у уый дæр   æмæ уæрæсейы астæуккаг-профессионалон ахуыргæнæндæтты æхсæнæй æрмæстдæр æртæйы къухы бафтыд æппæт къабæзты рамбулын.

Уыдонæй дыууæйæ сты Цæгат Ирыстонæй.

Фæндзай милуан сомы бæрц райсдзæнис Æрыдоны аграрон-технологон колледж. Æхцатæ ахуыргæнæндоныл сæмбæлдзысты иннæ азы райдиан. Ныр та уал колледж цæттæ кæны ног ифтонггарз æрæвæрынмæ.

Колледжы директор Моурауты Алан куыд радзырдта, афтæмæй конкурсы архайынц æртыккаг хатт, фæлæ уæлахиз сæ къухы бафтыд æрмæстдæр ацы аз. Уыдис сын аккаг ныхмæлæуджытæ, фæлæ Моурауты Аланы ныхæстæм гæсгæ,  Вордскилз сбæрæг кодта хуыздæрты. Ацы хатт хуыздæртæ систы аст къабазы. Фæлæ уыцы æнтыстдзинæдтыл æрлæууынмæ мыййаг нæ хъавынц. Иннæ аз фæнд кæнынц сæ тыхтæ æндæр компетенциты бавзарын

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania