филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

04:29 суббота, 20 апреля 2024
03 сентября 2020, 14:27
Цæгат Ирыстоны, фæстаг рæстæг, хуыздæрырдæм ивддзинæдтæ кæм цæуы, уый у хъæууон хæдзарады къабаз

Грантты фæрцы фæзынд бирæ хи хæдзарæдтæ дæр

Цæгат Ирыстоны, фæстаг рæстæг, хуыздæрырдæм ивддзинæдтæ кæм цæуы, уый у хъæууон хæдзарады къабаз. Грантты фæрцы фæзынд бирæ  хи хæдзарæдтæ дæр.  Кæнынц куыд фосдарынады, афтæ æхсыры куыст дæр.  Иу ахæм фермерон хæдзарады архайдимæ  базонгæ Сосранты Жаннæ, æмæ нын бæстондæр йæ кой ракæндзæн нæ дарддæры æрмæджы.

Фосдарыны куыст æнцондæртæй никуы уыд. Ахæм хъуыды æрæййæфтон мæ хистæртæй- фосыл гадзырахæттæй цæуæн нæй, зæгъгæ.  Адæймаг сæм йæхи куы рахата, уæд фæстæмæ къахдзæф кæнæн зын, свæййы.

Афтæмæй, Хъарданы фырт, райдæдта йæ фосдарыны куыст кæнын. Йæ гæххæдтæ æрæмбырд кæнгæйæ, рацыд къамис æмæ æрбаласта Волгоградæй хæрзмыггаг фос.

Кусæг лæджы фæллой алкæддæр бæрæг фæдары. Хъарданы фырты хæдзарадыл  æрзилгæйæ ,йæ фос фенгæйæ  æмбæлы зæгъын канд абоны бонæн кæй нæ кусы, фæлæ фидæныл кæй хъуыды кæны. Уый та æрмæст йæхи нæ, фæлæ адæмы. Фæнды  йæ фæлхасгæнæгмæ  хæрзхъæд продукци хæццæ кæнын.

Фермерон хæдзарады цы фос ис, уый дæдты хæрзхъæд æхсыр. Цы цыхт дзы кæнынц уый та бирæ равдыстыты вæййы хуыздæрты æмрæнхъ. Кæнынц йæ рагон технологитæм гæсгæ – ахсæныл. Хъарданты Хъазыбеджы ныхæстæм гæсгæ æхсыр уæй кæнын ын фылдæр пайда хæссид, фæлæ адæмы зæрдæмæ кæй цæуы йæ цыхт, уымæй та фылдæр кусы цыхт кæныныл.

Хъæууон хæдзарады къабазы кусджыты продукци цæмæй адæнмæ хæццæ кæна, ууы хъуыды кæнынц фермертимæ районы разамынд дæр.

Федæнмæ фæндтæ арæх аразгæ фæуунцæ æмгуыстадæй.  Фосимæ кусын та алкайы бон нæу. Уарзын æмæ сæ  æмбарын  хъæуы, зæгъы фермерон хæдзарады хъугдуцæг  Дергизты Ася

Уæвгæ, Æрæфы районы сæйраг зоотехникы ныхæстæм гæсгæ, ныртæккæ тынг хорз уавæртæ ис фермерон хæдзарæдты куыстæн, æмæ дзы адæм пайда кæнынц.

Адæймаджы кусын куы фæнда, йæ хъуыдытæ æмæ фæндтæ  рæстмæ куы уой, уæд сын царды сæ бынат æнæ ссарæн нæй.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania