филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

18:15 четверг, 25 апреля 2024
15 октября 2020, 12:18
Цæгат Ирыстоны хæдзарæдтæ бавнæлдой сæ тыллæг исынмæ

Æрæфы районы хæдзарæдтæ разы сты сæ фæззыгон бæркадæй

Цæгат Ирыстоны хæдзарæдтæ бавнæлдой сæ тыллæг исынмæ. Æрæфы районы хæдзарæдтæ разы сты сæ фæззыгон бæркадæй. Районы хъæууон хæдзарады управленийы сæйраг агроном Махъоты Оледжы ныхæстæм гæсгæ,  ацы аз зæххыты фылдæр хаййы тыд æрцыд нартхор, æмæ сæ зæрдæ дарынц хъæздыг тыллæгыл. Фаронимæ абаргæйæ, ацы аз кæд нартхор гектарæй къаддæр ист цæуы, уæддæр йæ хæрзхъæддзинад у бæрзонд æмвæзадыл. Нырыккон техникæйы фæрцы та  сæ бон у цыбыр рæстæгмæ бафснайын сæ быдыртæ. Сæ тыллæг цы фæкæной, уыцы фарста дæр фермертæм карзæй нал лæууы. Цыколайы дыууæ азы дæргъы кусы тыллæг æвæрæн бынат. Уырдæм æй ласынц, уым та йæ хус кæнынц æмæ йын уæд тæссаг нæу фесæфынæй.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania