филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

20:21 среда, 24 апреля 2024
17 декабря 2019, 17:00
Цæгат Ирыстоны иннæ азы бюджетмæ бахастой уæлæмхасæн 300 милуан сомы

Уыцы фæрæзтæ уыдзысты иумæйаг ахуырады педагогты мызд фылдæр кæнынæн

Цæгат Ирыстоны иннæ азы бюджетмæ бахастой уæлæмхасæн 300 милуан сомы. Уыцы фæрæзтæ уыдзысты иумæйаг ахуырады педагогты мызд фылдæр кæнынæн. Ахæм ивддзинад бюджетмæ бахæссыны хъæппæрис разынди республикæйы финансты министр Бутаты Хъасполатмæ. Ууыл ныхас цыди бюджеты, хъалонты æмæ кредитон организациты фарстаты фæдыл Парламенты æмбырды. Уымæй уæлдай ма сæйраг финансон документмæ хаст æрцыдысты 170 милуан сомы, уыдон та хардзгонд æрцæудзысты Цæгат Ирыстоны паддзахадон академион театры, республикæйы психиатрион рынчындоны æмæ Сабырдзинады проспекты цалцæгыл. Афтæмæй, Парламенты æмæ Хицауады æмгуыстад фадат радта, республикæйы Сæргълæууæг Битарты Вячеслав амæй размæ цы хæстæ сæвæрдта, уыдон сæххæст кæнынæн.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania