филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

13:25 пятница, 19 апреля 2024
12 февраля 2020, 12:24
Цæгат Ирыстоны иугонд командæ боксæй рамбылдта 21 майдан Цæгат Кавказы федералон зылды чемпионаты, æмæ фыццаг бынат бацахсыны ерысты

Цыдысты станицæ Суворовскæйы, Стъараполы крайы

Цæгат Ирыстоны иугонд командæ боксæй рамбылдта 21 майдан Цæгат Кавказы федералон зылды чемпионаты, æмæ фыццаг бынат бацахсыны ерысты. Цыдысты  станицæ Суворовскæйы, Стъараполы крайы.

81 килограммы категорийы сызгъæрин майдан рамбылдта Хуыгаты Мæдинæ. Æвзист призертæ систы Джиоты Виктория, Бестауты Кристинæ, Темыраты Алинæ, Хъуысаты Миленæ æмæ Наниты Регинæ. Бронзæ майданты хицæуттæ систы Багаты Бэлæ, Гуырцъыты Тамилæ æмæ Хæтæгты Людмилæ. Юниорты хсæн сæхи уæзты хуыздæрты ном райстой Кулухты Кристинæ, Хъайсынты Сабинæ, Бураты Аленæ, Бигъаты Миленæ æмæ Хуытъинаты Миланæ. Сызгъæрин майдантæ рамбылдтой Биазырты Дианæ, Елойты Аминæ, Мыкагъаты Тамарæ æмæ Диакъонты Екатеринæ. 12-13 аздзыд спотрсменкæты хсæн дæр ис уæлахиздзаутæ. Уыдон сты: Хъулаты Софья, Хъыргъаты Ланæ æмæ Джызойты Сабинæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania