Уæрæсейы чемпионат армрестлингæй арæзт æрцыд Мæскуыйы бынмæ
Цæгат Ирыстоны иугонд командæ сласта 8 майданы Уæрæсейы чемпионатæй армрестлингæй, йе нæниздзинад хъыгдард кæмæн у, уыцы спортсменты хсæн. Командон хыгъды фæсивæдон къорд фæхæрд Пермы крайы спортсментæн, хистæр кары спортсментæ та лæмæгъдæр разындысты Мæскуыйаг облæсты командæйæ. Уæрæсейы чемпионат армрестлингæй арæзт æрцыд Мæскуыйы бынмæ. Архайдтой дзы 200 тыхджындæр армæйхæцæджы. Се хсæн 47 инвалид-спортсмены. Нæ республикæйы командæйы уыди 12 спортсмены. Дыууæ ерысы хатдзæгтæм гæсгæ Уæрæсейы чемпионтæ систы Дыгъуызты Малхаз, Мæлдзыгаты Алинæ, Хъамболты Артур æмæ Дзугаты Марат. Биазрты Валерий бацахста дыккаг бынат. Æртыккæгтæ систы Хъуппеты Виктория, Таматы Георгий æмæ Артем Лихачев.